Жозеп Борел – Æхсызгон мын уыд Ираклий Къобахидзейæн сфысым кæнын, æрцыд хъуыдыты баивд Гуырдзыстоны фæразондзинадæн Евроцæдисы æххуысы фæдыл
Æхсызгон мын уыд сфысым кæнын Ираклий Къобахидзейæн, мæ сидт йæм уыди фараст къахдзæфы сыххæсты фæтагъд кæнынмæ, сæ нымæцы æвзæрстыты, æддагон политикæйы æмбæлондзинады æмæ фæсарæйнаг информацион манипуляциты æмæ хифæкæныны ныхмæ тохы æрдгæй – уый фæдыл фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдадсзинады политикæйы фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Жозеп Борел социалон хызагы фыссы.
Йæ дзырдæй зæгхгæ, Гуырдзыстоны хицауады сæрадримæ фембæлдыл æрцыд хъуыдыты лæмбынæг баивд.
«Æхсызгон мын уыд Ираклий Къобахидзейæн сфысым кæнын, кæцы Гуырдзыстоны премьер-министры рангы фыццаг визитæй уыдис. Уыд хъуыдыты баивд реформæты тыхархайдыл æмæ Гуырдзыстоны фæразондзинадæн Евроцæисы фарсдарыныл. Мæ сидт йæм удыис фараст къахдзæфы сыххæст фæтагъд кæнынмæ, сæ нымæцы æвзæрстыты, æддагон политикæйы æмбæлондзинады æмæ фæсарæйнаг информацион манипуляциты æмæ хифæкæныны ныхмæ тохы æрдгæй» – райхъусын кодта Жозеп Борел.