Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæ – Женевæйы дискусситы алы хайадисæгы иузæрдыгдзинады ныфс нæ ис, курæг стæм алкæмæй, куыд гæнæн ис афтæ тагъд райдайæт сæхи цæттæ кæнын, цæмæй бадзырдтæ ацæуæт
Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæртæ тыхстдзинад æвдисынц уый тыххæй, æмæ Женевæйы 6-7 октябрмæ пълангонд бадзырдты радон раундæн фæтк дæттын æнæтысгæ ссис, уымæн æмæ хайадисджытæ нæ бантыстис фембæлдмæ æрцæуын. Æмбæлон фидиуæн публикацигонд у OSCE-ы официалон веб-фарсыл.
Женевæйы дискусситы æмсæрдæртæ банысан кодтой, цæмæй пълан кæнынц бадзырдты 51-æм раунды ауадзын 2020 азы декабры райдайæнмæ снысан кæнын.
«Бæлвырдæй нæ уырны, цæмæй комкоммæ фембæлдтæ иттæг нысаниуæгджын сты æдасдзинадимæ баст инцидентты маруадзынæн æмæ гуманитарон хъæуындзинæдтыл реагир кæнынæн, уæлдай дæр ахæм рæстæджы, регионы катайаг фæзындтæ куы тынг кæнынц æмæ æппæт дунейы «Ковид-19»-ы пандеми куы ис уæд.
Ис нæм фæнд, адарддæр кæнæм виртуалон æмæ амал уæвгæйæ, комкоммæ консультацитæ алы хайадисæгимæ, бадзырдты 51-æм раундмæ бацæттæ кæнынæн, кæцы æргъæвд æрцыд 2020 азы дккабры райдайæнмæ. Ацы консультациты рæстæджы дæр ситдзыстæм хайадисæг алы фарсмæ, баиу уæт конструктивон диалогмæ æмæ æмкуыст кæнæт конфликтон фарстаты, цæмæй ифтонггонд уа æдадсзинад æмæ фæхуыздæр уа царды миниуджытæ», – дзырдæуы OSCE-ы веб-фарсыл æвæрд фидиуæны.
Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæртæ афтæдæр æрсидтысты хайадисджытæм, цæмæй сæхи цæттæ кæнын райдайæт, цæмæй бадзырдтæ ацæуæт.
«Женевæйы дискусситы алы хайадисæгы иузæрдыгдзинады ныфс нæ ис, æмæ курæг стæм алкæмæй, куыд гæнæн ис, афтæ тагъд райдайæт сæхи цæттæ кæнын, цæмæй бадзырдтæ ацæуæт», – дзырдæуы фидиуæны.