Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæ бадзырдты 57-æм раунды фæдыл фидиуæн публикаци кæнынц
Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæ бадзырдты 57-æм раунды фæдыл публикаци кæнынц фидиуæн.
OSCE-ы вебфарсыл публикацигонд фидиуæнмæ гæсгæйæ, фембæлды хайадисджытæ æркастысты 2022 азы октябры уагъд раззаг фембæлды фæстæ айтынггонд, æдасдзинады æмæ гуманитрон фæзындтæ.
«Иттæг вазыгджын геополитикон ситуацийы фоныл, хайадисджытæ сбæлвырд кодтой сæ иузæрдыгдзинад æпроцессмæ æмæ интерес, сифтонг кæной Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты стынг кæнын, куыд иунæг платформæ, кæцыйыл кастæуы конфликты фæстиуджытæ. Æмсæрдæрттæ æмæ хайадисджытæ бахахх кодтой бындурон роль кæцыйы æххæст кæнынц Женевæйы æхсæнадæмон дискусситæ, куыд платформæ, прогнозтæкæнынæн æмæ диалогæн, æдасдзинады æмæ стабилондзинад баахъаз кæнынæн, афтæма конфликтæй зианбавзарæг цæрджыты фарнæн.
Тыхæй æнæспайдайы æмæ æдасдзинады æхсæнадæмон механизмты фæдыл хъуыдыты интенсивон баивды фæстæ, хайадисджытæ не рцыдысты кæрæдзи æмбарынадмæ бонвæткы сæйраг фарстайыл. Хъыгагæн, лигъдæтты æмæ тыхбын бынативгæ уæнгты фарстайыл æххæстæй диалог нæ бантыст хицæн хайадисджыты протесты тыххæй.
Æмсæрдæрттæ базонын кодтой хайадисджытæн, цæмæй Женевæйы æхсæнадæмон дискусситæ ауадзын план кæнынц 2023 азы июлы æмæ æнхъæлмæ кæсынц алы хайадисæгы разы дзуаппмæ», – банысангонд у OSCE-ы вебфарсыл публикацигонд фидиуæны.