Зелимхан Хангошвилийы  марындзинады  хъуыддаджы  тыххæй,   Германийы  хицауад   дыууæ  уырыссаг дипломаты  бæстæйæ аддæуар  кодта
Зелимхан Хангошвилийы марындзинады хъуыддаджы тыххæй, Германийы хицауад дыууæ уырыссаг дипломаты бæстæйæ аддæуар кодта

Зелимхан Хангошвилийы  марындзинады  хъуыддаджы  тыххæй,   Германийы  хицауад   дыууæ  уырыссаг дипломаты  бæстæйæ раддæуар  кодта.   Уырыссаг   медийы  информацийæ,   Германийы  фæсарæнхъуыддæгты министрад  Бкерлины  Уæрæсейы  минæварады   дыууæ кусæгы   персона нон-гратайы расидтис æмæ  сын  бæстæ  ныууадзыны  бардзырд  ратта.

Германийы   фæсарæн хъуыддæгты министрады  хъусын кæнынц, цææмй  Берлин йæхимæ  уадзы  бар,  райса  ног мадзæлттæ,  кæд Мæскуы   Гуырдзыстоны æмбæстагы   марындзинады  хъуыддагмæ   гæсгæ  фæдæвзарæныимæ  æмкуыст  нæ кæндзæн уæд.

Уæдмæ  ахæлиу ис  информаци, ома  Ангела Меркелы  хицауаж  Уæрæсейы  ныхмæ  гæнæн  ис,  дипломативон  кæнæ   æндæр  хуызы  санкцитæ  сфидар кæна,  кæд фæбæрæг уыдзæн   бæлвырдгæнæн,  цæмæй  цæугæ   азы уалдзæджы  Берлины   Гуырдзыстоны  æмбæстагы марындзинады хъуыддаг растдæр Мæскуымæ ис.

40 аздзыд Зелимхан Хангошвили  Германийы   сæйраг сахары   августы  амардтой.  Цалдæр бонмæ Германийы пъæлицæй   Уæрæсейы  49 аздзыд  æмбæстагы  æрцахста.    Августы  кæрон   немыцаг  пресса  хъусын кодта, цæмæй   зæъгæ  марындзинады  фæстæ,  гæнæн ис  Уæрæсейы  спец-куыстытæ  лæууой.