Заза Саралидземæ парламенты раз цæугæ акцийы организатортæ хæдзармæ бацыдысты – [видео]
Заза Саралидземæ парламенты раз цæугæ акцийы организатортæ хæдзармæ бацыдысты.
Фыццаг Къаналы журналисты хъусинагæй, Саралидзе уыдонимæ иумæ Руставелийы проспекты æрдæм ацыд.
Саралидзе журналисттæн куыд загъта афтæмæй, Руставелийы проспектыл, акцийыл 18:00 сахатмæ уый тыххæй нæ бацыд æмæ йæ бинойнаг йæхи æвзæр хатыд зæгъгæ. Уый политикътимæ быцæудзинад ацух кодта æмæ банысан кодта, цæмæй уымæ хæдзармæ бацæуæг политиктæм йæхæдæг фæсидтис згъгæ.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, акцийы хайадисджытæй хатыр куры, цæмæй сæм абон нæ баиу ис æмæ фæстæмæ хæдзармæ æрыздæхдзæн.
Афтæма, абон Заза Саралидзе уыдис Вакейы паркъы, цыран æрыгонты организацигондæй уагъд æрцыд акци «Нумомклав» (Ма мæ Амар). Вакейц паркъы Заза Саралидзе банысан кодта, цæмæй зæгъгæ иунæгæй дарддæр кæны тох кæнын. Заза Саралидзе Вакейы паркъы территори ныууагъдта адæмон хъахъхъæнæг, Нино Ломджариаимæ иумæ.
Парламенты цур цæугæ акцийыл раныхасгæнджытæ хъусын кодтой, цæмæй сын Саралидземæ фæдзурын не нтыстис. «Ног Гуырдзыстоны» лидер Гиорги Вашадзе, Заза Саралидземæ æрсидтис, æхсæнады раз сарызтаит фидиуæн, цæмæй йæ цардмæ тас не ртъхъирæн кæны.
Ацы сидтæн рæхджы дзуапп ратта Нино Ломджариа Фейсбукы фæрцы, кæцыйы дæр ныффыста, цæмæй Заза Саралидзе йæ æркуырдæй уæвы уым, цы ран йхи хаты æдасæй.