Заза Саралидзе хъусын кæны, цæмæй премьеримæ фембæлдыл æрдомдзæн «Фыццаг Къанал Хоравайы уынгыл марындзинады фæдыл фильм афоныл ауадза эфиры»

Заза Саралидзе хъусын кæны,  цæмæй  Гуырдзыстоны  премьер-министримæ фембæлдыл æрдомдзæн «Æхсæнадон Телеуынынад  афоныл  ауадза эфиры фильм, кæцы  Хоравайы  уынгыл  æрцæугæ   марындзинадмæ  æххæссы».

Фыццаг Къаналы   журналисты   фарстайæн,  цæй  ныфсæй  фæцæуы    премьерим фембæлдмæ  æмæ  цахæм хъуамæ  уа  фембæлды фæстиуæг, Заза Саралидзе банысан кодта:

«Фыццаджы дæр, æркуырд  у  ахæм  «Æхсæнадон Телеунынад  афоныл   ауадзы  фильм эфиры» –  фехъусын  кодта  Заза Саралидзе Фыццаг Къаналæн.

Уымæй  дарддæр ма  уын бакой  кæндзыстæм,  цæмæй   паламенты раз  цæугæ акцийы  иуæй-иу  организатор, Звиад Купарва  2  июны   сарызта  фидиуæн,   цæвиттон   Заза Саралидземæ  фæдзырдтой  Æхсæнадон Телеуынынадæй, цæмæй фильм ауадзынæн  зæгъгæ  хъæуы  Заза Сараилидзе  бацæуа  Æхсæнадон  Телеуынынадмæ.

Æхсæнадон  Телеуынынады  менеджмент  уайтагъддæр  райхъусын кодта цæмæй  фильм,  кæцыйы  кой  кодта Звиад Куправа  æмæ   кæцы  гæнæн   ис   Хоравайы  уынгыл  æрцæугæ  фæзындтимæ уа баст,    нырма  цæттæ  нæу  зæгъгæ.  Афтæдæр  нæ  уыдис  коммуникаци  Заза Саралидзеимæ  æмæ кæд исчи   фæдзырдта Заза Саралидземæ  Телеуынынады  номæй,    уæд  ууыл  бæрн  йæхимæ  къанал нæ райсдзæн.

Йæхæдæг Заза Саралидзе та, Звиад Куправайы   Фыццаг Къаналы  тыххæй   2  июны   цы информаци ахæлиу кодта  уыцы бон мæнгæй  равдыста.