Заза Саралидзе хицауадæн конкретон къахдзæфтæ саразынæн æмгъуыд дæтты 10  июнмæ
Заза Саралидзе хицауадæн конкретон къахдзæфтæ саразынæн æмгъуыд дæтты 10 июнмæ

Хоравайы  уынгыл   мард æнахъомы фыд  Заза Саралидзе,  хицауадæн  конкретон къахдзæфтæ авæрынæн  дæтты  æмгъуыд 10  июны онг.  Уый фæдыл  Саралидзе  райхъусын кодта премьер-министр Гиорги Квирикашвилиимæ  фембæлды  фæстæ,  хицауады  админстрацийы цур  журналисттимæ ныхасы рæстæджы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   уый  йæ позци зæгъгæ    æппын нæ ивы.

«Кæд   конкретон  мадзæлттæ  ист не рцæудзысты уæд   абсолютонæй  æнæивгæ  позицийыл дæн – системæ  хъуамæ ныккæла» – райхъусын кодта Заза Саралидзе.

Йæ  ныхæстæм гсгæ,  хицауадæн æмгъуыд ис 10 июны онг.

«Абсолютонæй   алы  гоймаг хъуамæ æрцæуа ахст,  марæг чи уыдис;  чидæриддæр  фыдракæнд сæххæст кодта; кæцы фæдвзарæг цы фыдракæнд  ракодта;  кæцы  прокуррор   цы  разнаггад  кодта; йæ къух сыл чи æмбæрзта  ацы  прокуррортыл;  чи дзырдта генпрокурроры  сæрл  æмæ  абсолютонæй  алцыппæт» – райъхусын кодта Заза Саралидзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   уый йæ  цæстд  бадардзæн  10 боны  дæргъы  цы  къахдзæфтæ сараздзæн   хицауад, фæлæ   уый  параллелонæй,   акцитæ  уæддæр  дарддæр   кæндзысты.

«Бакæсдзынæн 10  боны дæргъы   цы  сараздзысты.  Мæ  позици  нæ  ивын,  нæдæр хæдзармæ ацæуын хъавын. Ахæм позиц мын ис ныртæккæ  æмæ афтæ  уыдзæн  æппæтыкæронмæ.  Акцитæ адарддæр уыдзысты   цæй зæгъын æй хъæуы» – загхта Саралидзе.

Афтæма  йæ  ныхæстæм гæсгæ,   премьер йын   загъта  цæмæй   зæгъгæ  æппын ницы  уæлдай  у, йæ  куыстæй  йæхи суæгъд кæндзæн æви нæ.

«Æппынфæстаг мын  загъта, цæмæй дам  мæхи мæ куыстæй  сисдзынæн æви нæ   уый дам ницы нысан кæны, фæлæ йы  бавдыстам  конкретон æркуырдтæ, йæ  куыстуæгъдмæ гæсгæ, кæд æмæ  10  июнмæ, конкретон  къахдзæфтæ  нæ  фенæм уæд.  Ацы  сахатæй   сидын  алкæмæ,  æппæт Гуырдзыстонмæ» – райхъусын кодта» – Заза Саралидзе.