Зарæггæнæг Гоча Лориа йæ цардæй ахицæн
Зарæггæнæг Гоча Лориа йæ цардæй ахицæн

Зындгонд гуырдзиаг эстрадæйы зарæггæнæг Гоча Лориа йæ цардæй ахицæн 77 азы кары, уый фæдыл хабар социалон хызагы йæ бинонты уæнг фехъусын кодта.

Гоча Лориайы фæллойадон фæндаг райдыдта 1965 азы ансамбль «Реро»-йы музыкалон скъола каст фæуыны фæстæ. Уый фæстæ уыд вокалон-инструменталон ансамбль «75»-ы солист, кæцыйы бындурæвæрæг Роберт Бардзимашвили сарæзта. Ансамблы сæххæст кодта бирæ зарæджы, кæцытæ абон дæр сты популярон («Чурчулэби», «Зынаргъ рæстæг» æмæ æнд.).

80-æм азты Гоча Лориайы ансамбль «Ивериа»-мæ фæхуыдта композитор Александре Басилая æмæ йын бавдыста сæйраг рольтæй иу, Сынты роль, мюзикл «Хиуаты чындзæхсæв»-ы (Чхикъвта Корцъили). Гоча Лориа æртæ азы дæргъы мюзикл сæххæст кодта 1500 хатты.

Гоча Лориайымарæвæрæн церемони ацæудзæн  14 апрелы æмæ райдайдзæн  Сыгъдæг Ильяйы аргъуаны (Аграрон университеты цур).