Зæххы системон регистрацийы ног этап райдайы, – уый тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæххы регистрацийы фæдылдзог этап, баххæсдзæн фондз муниципалитетмæ, – Тетрицъхъаройы, гардабаны, Карелы, Гуры æмæ Сагареджойы муниципалитеты 28 администрацион иуæгмæ. Премьеры ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ дзырдæуы 11 мин гектар зæххыл.
Премьеры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, зæгъгæ æмбæстæгты нæ бахъæудзæн ницы аргъ бафидын.
«Фактиконæй нæ æмбæстæгты нæ бахъæудзæн ницы хардзтæ ауæлдай кæнын, юстицийы министрад æмбæлгæ инфраструктурæйæ æнæхъæнæй алыг æрбиноныг кæндзæн ацы фарст. Уыдзæн æххæстаргъджын кадастрон бæрæггæнæнтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæфидгæйæ. Уый ахъаз уыдзæн экономикон куыст активизацийæн хъæууон хæдзарады, кæцы иттæг нысаниуæгджын фарста у. Зонут æй, цæмæй хицауадмæ ис æртæ азон пълан, рауæлдайгонд бюджетæй, цæмæй системон регистраци, бæстæйы фæстагмæ сæххæст уа», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.