Зæххæнкъуысты  фæстиуæгæн  зианбавзарджытæн æххуысы нысанæн Гуырдызстонæй æрвыст гуманитарон уæз нырид Турчы ис
Зæххæнкъуысты фæстиуæгæн зианбавзарджытæн æххуысы нысанæн Гуырдызстонæй æрвыст гуманитарон уæз нырид Турчы ис

Гуманитарон æххуыс, кæцы Гуырдзыстоны  премьер-министры уынаффæйæ, зæххæнкъуыстæй  зианбавзарджытæм уыд æрвыст, нырид  Турчы ис, – уый фæдыл  информаци, Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрад  хуъсын кæны.

Афтæма сæ информацийæ,  100 тоннæйæ фылдæр  гуманитарон уæзы, фыццагон  медицинон æххуысы  мигæнæнтæ, медиткаменттæ, медицинон ифтонггæрзтæ,  ноггуырд сывæллæтты хæлцад, æнæаргъæвгæ æххуысы   персоналæн сæрмагонд дзаума,  униформæтæ, хъарм дарæс, цатыртæ, генератортæ,  фынæйгæнæн  голлджытæ,  хус  хæринаг, консервтæ æмæ æндæр  мигæнæнтæ ис.

«Премьер-министры  уынаффæйæ, Турчы Республикæйы æрцæугæ  стихион æнамонддзинады фæстиуæгæн зианбавзарæг  цæрджытæн, гуманитарон  æххуысы нысанæн,  иу милуан  лари, хицауады резервон фондæй   рауæлдай ис.  Гуманитарон æххуысы  мобилизаци, оккупацигонд территоритæй, фæллойады, æнæниздзинад æмæ  социалонхъахъхъæды  министрад  сифтонг кодта. Уæзы хайы мобилизацигонд уыд  хъахъхъæнынады  æмæ æнæнизхъахъхъæды министрады  фæстауæрцæй», – банысангонд у æнæнизхъахъхъæды министрады   информацийы.