Зæйы  тасы тыххæй, автомобилон фæндæгтыл  арæнæвæрдтæ  æрбайстой
Зæйы тасы тыххæй, автомобилон фæндæгтыл арæнæвæрдтæ æрбайстой

Бæрзондхохджын регионты   уæззау  метеорологион уавæрты  æмæ   зæйы тасы тыххæй,  автомобилон фæндæгтыл  уагæвæрд æрцыдысты  арæнæвæрдтæ – уый фæдыл  информацийы хæлиу кæны, Гуырдзыстоны   регионон тынгады æмæ   инфраструктурæйы  министрад.

«Æрдзы националон  агентады хъусинагæй,  æхсæнадæмон  нысаниуæгы  Мцхета-СТепанцъминда-Ларсы фæндаджы  Гудаури(Поста)-Къобийы  фадыгыл  интенсивонмитуарды тыххæй  зæйы  тас сырæзт, кæцымæ гæсгæ дæр  фæтобæ ис   змæлдцыфæнды хуызы  автотранспортæн , афтæдæр ацы нысанæй  куылымпы кæнынц   ссыгъдæггæнæн  куыстытæ. Рог автомобильтæн   змæлд, Гудаури-Къобийы  фадыгыл  фæтобæ ис  8 январы  æхсæв, æрмæст стыр уæзласæн  автотранспорты змæлд та  тобæгонд у 4  январæй.

Ацы  фæндаджы Пасанаури-Гудаурийы фадыгыл   тобæгонд у   змæлд   стыр уæзласæн æмæ  30-æй  фылдæр бынатдлжын  атовбустæн, æрмæст иннæ  хуызы  автотранспорты  змæлд  Млета-Гудаурийы  фадыгыл  гæнæн ис   специалон  рæхыстæй  спайдайы  руаджы.  Гудаурийы  онг  фæндаджы ссыгъдæггæнæн   куыстытæ   24 сахатон  режимæй  цæуынц.

ЗÆйы тасы тыххæй   афтæдæр фæтобæ ис   змæлд  мидпаддзахадон нысаниуæгы  Зугдиди-Джвари-Местиа-Ласдилы  автомобилон фæндаджы (Къала-Ушгулийы»  фадыгыл.

Мит æмæ кæлæхы  тыххæй, Зугдиди-Джвари-Местиа-Ласдилы автомобилон  фæндаджы (Хаиши-Къалайы) фадыгыл   тобæгонд у  уæзласæн  автотраснпорты æмæ   30æй фылдæр бынатджын   автобустæн.  Иннæ  хуызы   автотранспорты  змæлд  (Джвари-Дизийы)  фадыгыл  сæрибар у.

Уæззау  метеорологион  уавæрты (тымыгъ æмæ уаддымгæй) тыххæй,  мидпаддзахадоннысаниуæгы  Къода-Парцхиси-Манглисы-Цъалка-Ниноцъминдайы   автомобилон фæндаджы  фадыгыл  (Параваны  æфцæг)  тобæгонд у змæлд цыфæнды хуызы  автотранспортæн.

Уæззау  метеорологион уавæрты  (фидар уад,  тымыгъ, цæст æвзæр кæй  æвзары0уыый тыххæй,  мидпаддзахадоннысаниуæгы Къода-Парцхиси-Манглисы-Цъалка-Ниноцъминдайы   автомобилон фæндаджы (ПараванНиноцъминдайы)  фадыгыл   æмæ Ахалцихе-Ниноцъминдайы (Сомихыстоны Республикæйы арæн) автомобилон фæндаджы км90-км112 (Ниноцъминда-Сомихы арæн) тобæгонд у змæлд  цыфæнды хуызы  автотранспортæн, рæмæст æхсæнадæмон нысаниуæгы   Ахалкалаки-КЪарцъахийы (Турчы Республикæйы  арæн) атомобилон фæндаджы  км1-км36.5  фадыгыл æмæ Ахалкалаки-Къарцъахийы  фæндаджы  км 33 Кировакан-Кумурдойы   автомобилон фæндаджы  км1-км10  фадыгыл, тобæгонд у стыр уæзласæн æмæ 30-æй  фылдæр бынатджын  автобусты  змæлд. Æндæр  автотранспортæн змæлд  уæгъд у.  Ацы  фæндæгтыл ссыгъдæггæнæн  куыстытæ  интенсивонæй  цæуынц» –  банысангонд у  регионалон тынгады æмæ  инфраструктурæйы  министрады информацийы.

Уагдоны  хъусинагæй,   автомобилон фæндæгты департаменты æмæ æмбæлон   контрактор   организациты  минæвæрттæ, мобилизацигонд сты  æмæ   æрдзы  националон агентадцы   фадгуытыл ратта  уый  бар – уым интенсивон куыст кæнынц.

Уымæй  уæлдай ма,   æппæт бæстæйы масштабæй,  фæндæгтыл автотранспорты  змæлд патрулон экипажтæ  æнæаскуынгæ  режимæй регулир кæнынц. Мидхъуыддæгты  министрады дæлхайадты: патрулон æмæ криминалон   полицийы, афтææдр  ирвæзынгæнæн  куысты  минæвæрттæ,  хъæугæ  цауы, бæлццæттæн  æххуыс кæнынц  æмæ  сæ æдас бынаты онг  сæ транспортацийы  аудынц.