World Justice Project – Гуырдзыстон закъоны сæйрагдзинады  рейтингы 113 бæстæйы  æхсæн  38-æм бынат ахсы
World Justice Project – Гуырдзыстон закъоны сæйрагдзинады рейтингы 113 бæстæйы æхсæн 38-æм бынат ахсы

Закъоны сæйрагдзинады  рейтингы 113 бæстæйы  æхсæн  Гуырдзыстон  ахсы 38-æм бынат.  Æмбæлон иртасæны публикаци кæны  æхсæнадæмон   организаци World Justice Project (WJP) .

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,   закъоны сæйрагдзинады   индексмæ  гæсгæ, 2017-2018 азты  Гуырдзыстоны позици   цыппар  фæлтæрæй  фæфыддæрдæр ис  æмæ  бæстæ 2016 азы  34-æм бынатæй,  38 –æм бынтамæ æрхызтис.  Иртасæнмæ гæсгæ,   закъоны сæйргадзинады  индексæй,  Гуырдзыстон  фыццаг бынатыл ис    Скæсæн  Европæ æмæ  Централон Азийы   регионы.

Закъоны сæйрагдзинады   баххæст кæнынæн  хъæугæ сты   аст  бындурон   компоненты,  сæ нымæцы  хицауады  æлдариуæгы сæмбонд кæнын,  коррупцийы æмвæзад,  æргом  хицаудзинад,  фундаментон бартæ,  уагæгъдау æмæ æдасдзинад,  нормативон актытæй  пайдакæнынад,  æмбæстагон барад,  тугтæрхоны барады растæвзарæндзинад.

Рейтингы фыццаг фондз бæстæ:  Даний, Норвеги,  Финлянди, Швеци.  Ранымады  фæстаг  113  бынат ахсы Венесуэла.