ВВС – Германийы полици æрцахста Карлес Пуичдемоны
ВВС – Германийы полици æрцахста  Карлес Пуичдемоны

Германийы  полици  Испанийы  агуырды уæвæг Каталонгийы  экс-лидеры æрцахста – уый фæдыл  хъусын кæны ВВС.

Рауагъдады  хъусинагæй,  Карлес Пуичдемоны  брадхъахъъæнджытæ   арæныл ахизыны рæстæджы  рацахстой,  уый Брюссельмæ куы здæхтис уæд.

Бакой уын кæндзыстæм,   Карлес Пуичдемоны аххосджын кæнынц  Каталонийы  хæдбардзинады  фæдыл  æнæзаконон референдумы  ауадзыны,   растады  организацидзинад æмæ  закъонон   хицауадмæ æнæкоммæгæсдзинады.

Йе æрцахсын  домтта Испани.  Уæдмæ  хæлиу кодта хъусинаг,  цæмæй  Пуичдемон  уыдис Финаляндийы,  кæцæй дæр  Брюссельмæ  æрыздæхын хъавыд.