Америкæйы Иугонд Штатты президенты фæнды Гренландийы балхæнын, фæлæ Дани ацы æнхъарæнимæ не сразы ис. Уый тыххæй Дональд Трамп Данийы падздахадмæ йæ визит аивдта.
Цы хæзнатæ ис Гренландийы?
Гренландийы территорийы 80% æмбæрзт у ихæй. Сакъадахыл æдæппæт цæрынц 60 мин адæймаг. Донбылыл бирæ кæсаг ис,æрмæст мæр та бонджын у пайдаджын къахæггæгтæй, кæцыты амалиуæг æввахс азты бирæ æнцондлæр суыдзæн, уымæн æмæ глобалон хъарм æнæфевгъуийгæ у.
Гренландийы ис нефт, уран æмæ стæм згъæртæ, кæцы цæрынæн нысаниуæгджын сты ныррыккон бæрзондтехнологион продуктты амалиуæгады. Фæлæ ахæм згъæрты 70% ис Китайы, кæцыимæ Трамп сцырын кодта «базарадон хæст».
Йæхи æрдгæй Китай нырид балхæдта стæм згъæрты куырæнуаттæ Африкæйы континентыл. Æцæг у Пекин дзырд ратта, цæмæй ацы згъæрты дунейы базармæ ифтонгад не сæмбонд кæндзæн, фæлæ ахæм цауы дæр, фæнысангонд згъæртæ гом фæстауæрц æрмæс цалдæр азыл нымад сты.
АИШ-æ дунейы сеппæтæй бонджындæр паддзахад у. Уый ног технологиты сферæйы лидер æмæ нефты сегасæй ставддæр амалгæнæг у. Ацы титулы æмæ позицитæ бафидар кæнынæн Гренландий АИШ-тæн тынг рабæздзæн.
Цæмæн бахъуыд сакъадах Трампы?
Сакъадах Гренландийæн Арктикæйы стратегионæй нысаниуæгджын географион равæрд ис. Гренландийы уылты у Европæйæ Цæгат Америкæмæ сегасæй цыбырдæр фæндаг. ХЪуамæ банысанæуа уый дæр æмæ Гренланди географионæй Цæгат Америкæмæ хæстæгдæр у Данимæ абаргæйæ, кæцыйы автономион территори у ныр.
«Уазал Хæсты» рæстæгæй райдайгæ, АИШ-æн Гренландийы ис сæрмагонд æфсæддон базæ. Пентагон нæ зæгъгæ нæ кæндзæн, Арктикæйы сæрмагонд минæварады апарахат кæнын фадат йем куы фæуаид уæд, цæмæй сæ ныхмæ слæууа æндæогъ – Китай æмæ Уæрæсейæн.
Аналогион мысан уыд 1946 азы АИШ президент Харри Труменæн дæр, кæцы Гренландийы бæсты 100 милуан доллар банхъарыд Данийæн. Трумены нæ фæндыд Гренланди знаджы къухтæм бафтыдаит.
Китайы рагæй фæнды Арктикæйы уылты базарадон фæндаг алыг кæнын. 2018 азы Пекин ГРенландийыл дыууæ аэропорты саразыны фæндон равдыста, фæлæ Данийы Паддзахад автономийы хицауады бауырнын кодта, æмæ дыууæ дæр контракт лæвæрд æрцыд данийæгтæм.
Уæрæсе йæхи æрдгæй Арктикæйы æфсæддон минæварад рæзын кæны. Мæскуы ныридæгæн райрæзын кодта сæрмагонд æфсæддон базæ, кæцы кæйронаг цæгаты,, Франц-Йозефы зæххыл уæвы. Уым уæвæг аэродром «Нагорскъ» ныридæгæн цæттæ у стыр «Ил-78» хæдтæхджытæ райсынæн. Ацы хæдтæхджытæй, авиакунæггæнджыты æмæ бомбардировкæгæнджыты æртагæй уæлдæфы сифтонг кæнын ис гæнæн.
Цы мысанмæ тырны Дональд Трамп?
Трамп у амайджыты цот. Уый кæддæриддæр æлхæдта зæхх, арызта дзы хæдзæрттæ æмæ уæй кодта фатертæ. Фæлæ ныр уый президент у æмæ дзырд ратта, цæмæй Гренлайдиимæ, йæ уарзонд Манхеттэны сакъадахау никуы бакæнид.
Уый амонæг у йæ «Твиттеры» фарсыл публикацигонд ныффыст, кæцыйы мидæг дзуры, цæмæй Гренлайндийыл зæгъгæ «Трамп Тауэры» саразын нæ хъавы.
I promise not to do this to Greenland! pic.twitter.com/03DdyVU6HA
— Donald J. Trump (@realDonaldTrump) August 20, 2019
Фæлæ Трампы сæрмагонд интерестæ æрмæст æхцайыл æрдæм не сты. Гренландийы балхæды цауы, уый АИШ-ы президент Эндрю Джонсонимæ æмæ Томас Джеферсонимæ иумæ историйы ахуыргæнæн чингуытæм æрцæудзæн хаст, кæцытæ Аласкъæ æмæ Луизиана балхæдтой.
Цасы аргъ у Гренланди?
Зæххæ æмæ ахæм кæцыйыл 60 000 адæймаг цæры, нырид рагæй фæстæмæ нæ ауæй ис, уый тыххæй Гренландийы аргъ сбæрæг кæнын зын у.
Джеферсон, Луизиана, XIX æнусы Францæй 15 милуан долларæй балхæдта, 50 азы фæстæ Джонсон уырыссæгтæй дыууæхаттонæй асламдæр балхæдта Аласкъæ. АИШ-ы президент Трумен, Гренланди фæхатыр кæныны бæсты, æнхъардта 100 милуан доллары.
Зæгъæм инфляци нæ уайид, ахæм цауы дæр, абон 100 милуан долларæй Манхеттэныл иу хæдзар дæр нæ балхæнис. Кæд æмæ нæ зæрдыл бадарæм АИШ-ы хъæууон хæдзарадæн нæбæззон нысаниуæгы зæххы æргътæ, уæд Гренландийы аргъ 1 триллион доллармæ уæддæр хъуамæ аххæссид.
Фæлæ экономикон æмæ стратегион потенциал зæрдыл даргæйæ, Гренландийы аргъ бирæ фылдæр у.
Даний æхца хъуаг у?
Трампы фидиуæнæй, Гренланди зæгъгæ Данийæн æгæр уæззау уаргъ у.
«Уыдон фыдæбон кæнынц, ййафынц зиан – 700 милуан хардз кæны афæдзы мидæг Гренландийы» – райхъусын кодта Трамп.
Даний æцæгдæр дæтты Гренландийæн афæдзы мидæг 640 милуан доллары. Фæлæ ай у фурды тъепайау, уымæн æмæ Данийы æмогæйон мидпродукт 211 миллиард долларæй фылдæр у, æмæ сакъадахы дотаци, Данийы Паддзахады бюджеты 0,5% дæр нæу.
Даний дунейы сегасæй бонджындæр паддзахадты дæсойы æхсæн ис. Йæ æддагон хæс , æмтгæйон мид продукты æртыккаг хай у. Æхца сæм Данийы уый йас ис, æмæ банкъытæ кредиттæ дæттынц 0,5%-æй, æрмæст ипотекон кредиты цауы та, æмбæстæгтæ банкъы æфстау райсгæ суммæйæ къаддæрдæр фидынц.
Ис æви нæ АИШ-æм æхца, цæмæй Гренланди балхæна?
Данийæ хъауджыйæ АИШ-ы хæс, æмтгæйон мидпродуктæй фылдæр у. Ацы хæс абон 22 триллион доллар у. Фæлæ АИШ-æм ис фæнысангонд хæсы, æнæбæрц райрæзын кæныны фадат, уымæн æмæ æфтиагджын æмæ æууæнкаг активтæ дунейы зæгъæн ис нал баззад. Уый тыххæй дæр доллары аргъджын гæххæттытыл ныр стыр æркуырд ис.
Фæнысанкæнинаг у уый дæр æмæ, Гренландийы балхæды цауы, финансдзинад райсынæн, Трампы бахъæудзæн Конгрессы барлæвæрд. Зæрдылбадарын хъæуы цæмæй Конгресс ацы афонмæ нæзагъд кæны АИШ-ы президенты инициргонд проектты финансдзинадыл. Сæ нымæцы ис Мексикæйы арæныл сис саразын дæр.
Цахæм у Данийы позици?
Данийы Паддзахады премьер-министр ныридæгæн райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ Гренланди уæййаг нæу.
Уый тыххæй, Трампмæ ма æрмæст сепаратистты ныфс зайы. Кæд Гренландиæгтæ хæдбардзинад райхъусын кæндзысты, уæд сæхæдæг ахицæн кæндзысты, кæмæн бауæй кæнеой фыдыбæстæ.
Кæд уынаффæ Трампы пайдайæн рахæсдзысты, уæд Гренланди виппайды фестдзæн миллионерты сакъадахæй, уымæн æмæ Вашингтон Гренландийы минималон аргъ – 1 триллион доллар уæддæр бафиддзæн, фæйнæ æмбæстаг 18 милуан доллар уæддæр райсдзæн.