Володимир Зеленски  уырыссаг  тыхтæй  ссæрибаргонд горæт Изюмы Украинайы тырыса ныффидар кодта
Володимир Зеленски уырыссаг тыхтæй ссæрибаргонд горæт Изюмы Украинайы тырыса ныффидар кодта

Володимир Зеленски  уырыссаг тыхтæй  ссæрибаргонд  Изюмы, уæлæмæ  схæцыд  Украианйы  тырыса.  Фæнысангонды фæдыл  Украинаг медиа   президенты пресс-нымæрдар Сергей  Никифоровыл æнцойæ  фыссы.

Сергей Никифоровы дзырдæй,  зæгъгæ Володимир Зеленски  ныццыд горæт  Изюммæ,  Харьковы   районы, цы ран  хайад райста  Украинайы  паддзахадон тырыса  уæлæмæ  сисыны церемонийы.

Украинаг медиайы  информацийæ,    презентацийæ  дарддæр, Изюмы уыдысты  президенты  администрацийы  къухдариуæггæнæг  Андрей Ермак, хъахъхъæнынады   министры  хæдивæг    Анна Маляр  æмæ   Украинайы  гарзджын тыхты минæвæрттæ.

Медиа куыд фыссы афтæмæй,   горæт  Изюм  украинæгтæ цалдæр бон размæ ссæрибар  кодтой Харьковы  районы  сыххæст  контрбырсæнцыды  фæстиуæгæн.   Уыимæ  знон  Украинайы   хъахъхъæнынады  министрады банысан кодтой, цæмæй  Харьковы   зылды  300-йы  онг  цæрæн пункт  ссæрибар кодтой оккупанттæй.