Володимир Зеленски - Уырыссаг оккупаци, ацы хъæдгом зайы гуырдзиаг паддзахады буарыл, Украина ацы хæсты куы фæуæлахиз уыдзæн, уæд абон Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ цы æвзарæм уымæй фервæзын кæндзæн æндæр паддзахадты дæр
7 агуст, æрвылазонæй ацы бон Дуне мысы Уæрæсейы агресси Гуырдзыстоны ныхмæ, – уый фæдыл Украинайы президент, Володимир Зеленски æрвылбойнон сидты рæстæджы райхъусын кодта.
Зеленскийы дзырдæй, Украианйы уæлахиздзинад ацы хæсты йæ хъуыдыйы дары æндæр бæстæты уымæй фервæзын кæнын дæр, кæцыйы æвзарынц Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ. Уый ма бузныг загта гуырдзиаг хæцджытæн, кæцытæ Украниайы хъахъхъæнынады æмæ æдадсзинады тыхты сконды хæцынц.
«15 азы рацыд уырыссаг ооккупаци дарддæр кæны, ацы хъæдгом гуырдзиаг падздахады буарыл ис. Нырид бирæ загъдæуыд, цæмæй 2008 азы дуне принципон куы уыдаит, бирæ цыдæр бынтон æндæргъуызон уаид абон. Йеуæд Уæрæсейæн хъуамæ бамбарын кодтаиккой, цæмæй агрессоры агрессийы тыххæй сегасдæр бæрзонд аргъ бафиддзæн. Уый æнæмæнгæй хъуамæ бамбара ерын. Украина ацы хæсты куы фæуæлахиз уыдзæн, уый æнæрмæст фæуромдзæн Уæрæсейы агрессивон аппетиты ауæрæх, фæлæ ма фервæзын кæндзæн æндæр бæстæты уымæй, кæцыйы ййафæм мах – Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ. Нæ уæлахиздзинад алкæмæн æрыздахдзæн нормалон цард. Уый кæрон скæндзæн уырыссаг оккупацийы. Украинæгтæ солидарон сты гуырдзиаг адæмимæ æмæ арфæгæнæг дæн Гуырдзыстоны алы æмбæстагæн, чидæриддæр махимæ иумæ, хæцы сæрибардзинады сæр, сæрмагондæй та Украинайы хъахъхæнынады æмæ æдасдзинады тыхты сконды чи хæцынц, уыдонæн. Сæрибардзинад фæуæлахиз уыдзæн, фæуæлахиз уыдзæн Гуырдзыстон, фæуæлахиз уыдзæн Украина», – райхъусын кодта Володимир Зеленски.