Володимир Зеленски – Украина æмæ Евроцæдис сæ  тых цæстæйуынгæ скодтой, Украина суыдзæн Евроцæдисы уæнгæй, Евроцæдисы  кæны уæлахиз кæны
Володимир Зеленски – Украина æмæ Евроцæдис сæ тых цæстæйуынгæ скодтой, Украина суыдзæн Евроцæдисы уæнгæй, Евроцæдисы кæны уæлахиз кæны

Уæрæсе рахызт тоталон хæстмæ  европаг  хæзнаты ныхмæ  диктаторон режимты æххуысæй,  цахæмдæр у Иран, – уый фæдыл  Украинайы президент Володимир Зеленски  Европарламенты  дзырдæй  ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Украинайы  президенты дзырдæй,  Уæрæсе  æнæрмæст украинæгтæм бырсы, фæлæ ма  европаг  цардуагмæ дæр. Володимир Зеленски Евроцæдисæн  æххуысы  тыххæй  бузныг загъта æмæ  сæм æрсидтис,  Украинайæн æххуысы  курс  адарддæр кæнынмæ.

Зеленскийы дзырдæй,  зæгъгæ «Путин у диктатор, кæцы  архайы  советон  хæцæнгарзæй  йæ нысæнттæм баххæссынæн».

«Уæрæсейы режим фыдзæрдæ хæссы æнæрмæст цыфæнды социалон рæстагдзинадмæ æмæ бирæгъуызондзинадмæ – уыдон  инвестицитæ кæнынц  ксенофобийы æмæ архайынц, цæмæй йæ  нормалондзинадæй скæной.  Европæ  йæхи сыгъдæг кæны уырыссаг олигархион бизнесы коррупцион æндæвдадæй. Европæ  йæхи  хъахъхъæны уырыссаг  спецкуыстыты  баирвæзынæй, кæцытæ  Европæйы, Уæрæсейы режимы  ныхмæлæуджыты   цуанон  быдырыл нымадтой.  Украина суыдзæн  Евроцæдисы уæнг – Евроцæдисы, кæцы  уæлахиз кæны. Украина  æмæ Евроцадис сæ тых   æргомæй равдыстой  æмæ   сæ принципон  æмæ  энергион   архайдæй – мах алчи æмсæр стæм», – райхъусын кодта Володимир Зеленски.