Володимир Зеленски – сигналтæ, кæцытæ Мюнхены æдасдзинады конференцийыл айзæлдысты, бæлвырд кæнынц цæмæй Уæрæсе ацы хæсты фембылд уыдзæн
Сигналтæ, кæцытæ Мюнхены æдасдзинады конференцийыл айзæлдысты, бæлвырд кæнынц, цæмæй Уæрæсе ацы хæсты фембылд уыдзæн, – уый фæдыл Украинайы президент Володимир Зеленски йæ видео-сидты райхъусын кодта.
Украинайы президенты дзырдæй, зæгъгæ Украниайы алы ран, Уæрæсейы алы бырстæн уыдзæн террористон паддзахадæн конкретон барадон фæстиуджытæ уыдзæн.
«Адарддæр кæндзыстæм алы архæйдтытæ, цы нæ бон у, цы нæу, уый дæр, цæмæй Украинайæн срæвдз кæнæм фылдæр уæлдæфон хъахъхъæд, фылдæр гарантитæ стабилондзинады фæдыл, фылдæр иргъæф уырыссаг хафтытæй. Ис дунейы лидерты нысаниуæгджын фидиуæнтæ нæ паддзахады фарсхæцынæн, афтæма ис сигналтæ нæ хъахъхъæнынад æхсæнгарзæй стынг кæныны фæдыл. Сæрмагондæй уый æххæссы дардмæ архайæг ракетæтæм, æндæр хæстæрмæгмæ æмæ Украинайæн дæргъвæтин æххуысмæ. Сæрмагондæй мæ фæнды банысан кæнын сæ алкæцыйы, чидæриддæр Донецкы регионы сæрыл хæцы. Уым цæуы сегасдæр æбуалгъ æмæ принципон æфсæддон операцитæ. Быцæуæмбæлдтæ, кæцытыл бирæ цыдæр у баст, цæмæ дæр цæттæ кæнæм æввахс фидæны», – банысан кодта Володимир Зеленски.