Володимир Зеленски – Польшæйы арæныл уæвæг уавæр, рагæй ахызтис экономикæ æмæ моралы арæнтæй
Польшæйы арæныл уæвæг уавæр рагæй ахызтис экономикæйы æмæ моралы арæнтæй, – уый фæдыл Украинайы президент, Володимир Зеленски райхъусын кодта.
«Фæстагмæ мах хъуамæ бацагурæм Польшæйы арæныл уæвæг уавæрæй рацæуæн, кæцы рагæй ахызтис куыд экономикæйы, афтæ моралы арæнтæй. Хуымæтæгæй нæй гæнæн уый райхалын, цæмæй куыд ис гæнæн, спайда кæнай тугæйамæст бæстæйы зындзинæдтæй мидполитикон тохы. Фæлæ уымæн ныр бафæраздзыстæм. Уырнæг дæн, Украинайæн йæ бон у бафæраза, баххæсса йæ нысæнттæм æмæ басæтта уырыссаг терроры иумæ нын нæ бон у уымæ баххæссын», – райхъусын кодта Зеленски.
Бакой уын кæндзыстæм, Украинай паддзахадон арæны куысты информацийæ, Украина æмæ Польшæйы арæйнон æхсæздæр ауадзæн пункттæ уæзласæн хæдтулгæтæн блокиргонд у. Киевы куыд дзурынц афтæмæй, змæлд æрыхгæдтой польшайаг фермертæ. Уый тыххæй арæныл урæд сты 2,4 мин уæзласæн. Активисттæ Украинайæ хъæууон-хæдзарадон продукцийы æнарæн экспорты ныхмæ сты, афтæма домынц Евроцæдисы æрдзхъахъхъæнынадон регуляцитæ фæрогдæр кæнын.