Володимир Зеленски Данийы парламентмæ сидты рæстæджы Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ фæкарз кæнын æркуырдта
Данийы парламентмæ сидты рæстæджы Укринайы президент, Володимир Зеленски Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ фæкарздæр кæныны æркуырдта. Зеленскийы дзырдæй, зæгъгæ æрхъуалгонд горæт Мариуполы, кæцы æнæхъæнæй скуынæг ис, нырма дæр ис 100 000-æй фылдæр адæймаг, кæцытæн ныуазæн дон нæй æмæ уый тыххæй бадон кæнынц мит.
Украинайы президенты фидиуæнæй, Уæрæсейы фæнды Украинайæ кæлддзæгтæ æмæ лигъдæттæй уæлдай мацыуал баззайа.
Зеленски уырыссаг оккупацион тыхты фæзылынджын кодта адæмы тыхбын депортацийы, афтæдæр тыхдзинады æмæ стъигъындзинады.
Украинайы преизденты дзырдæй, 2000-æй фылдæр украинаг сывæллон кæм ис уый бæрæг нæу, кæцыты аскъæфтой æмæ сæ Уæрæсемæ аластой.
«Курæг уæ стæм сымах æмæ æнæхъæн Дунейы демократон дзыллæйæ: хъуамæ фæкарздæр кæнæм санкцитæ Уæрæсейы ныхмæ. Хъуамæ нæзагъд ракæнæм уырыссаг нефтыл. Уæрæсеимæ базардыл. Сыхгæнæм порттæ уырыссаг наутæ æмæ уый хъуамæ уа Евроцæдисы солидарондзинады политикæ алы унг падздахады æхсæн» – загъта Зеленски.