Володимир Зеленски – цивилизацигонд дуне ацы аз хъуамæ  кæрон скæна хæст
Володимир Зеленски – цивилизацигонд дуне ацы аз хъуамæ кæрон скæна хæст

Цивилизацигонд  Дуне  ацы аз хъуамæ  кæрон скæна хæст, – уый фæдыл   Украинайы  президент  Володимир Зеленски  фехъусын кодта.

Украинайы  президенты дзырдæй,  зæгъгæ ныр   иттæг  нысаниуæгджын у  информацион   куысты  хайад райса  алчи, кæмæндæриддæр ис  информацийон æндæвдад.  Зеленски бахахх кодта, цæмæй Дуне   афтæ  интенсивонæй  хъуамæ базона алцы  куыд ивгъуыд азы, цæмæй  Украинайы  ныхмæ  агресси дарддæр кæны.

Володимир Зеленски  ма  афтæдæр загъта, цæмæй  æмбæстæгты хъуыдытæ дард  ма  хъуамæ  уой   хæстæй, фæлæ украинаг æфсæддæтты  фарцы,  æцæг тох бирæ æмбæстагæн  географионæй тынг дард цæуы.

«Уый æрмæст  журналисттæм не  ххæссы. Уый æххæссы  алкæмæ, кæмæндæриддæр йæ бон у рæстдзинад    ахæлиу кæнын  агрессийы  фæдыл.  Кæмæндæриддæр йæ бон у   дунейæн бакой кæнын  украинæгты тыххæй, кæцытæ бавзæрстой  оккупаци,  сæфт. Цæмæй Украина  дарддæр  кæны   сæрибардзинадæн   æмæ   рæстагдзинадæн тох кæнын,  куыд нæ адæмæн, афтæ  алы   нацийæн, кæцытæм æртхъирæн кæны  уырыссаг   тирани.  Хъуамæ  бамбарæм, цæмæй  хæст хъуамæ фæуа ацы аз, Украинайы  уырыссаг  фыдбылызæй  ссæрибар кæнын  цивилизацигонд дунейы   иумæйаг рард у», –   райхъусын кодта Володимир Зеленски.