Володимир Зеленски – Агрессорыл иумæйаг æмæ фидар æлхъывд ныаниуæгджын у, цæмæй йæ алы сыхаг наци сæрибарæй баззайа, бæрзонд аргъ кæнæм Гуырдзыстонæн æмæ йæ сæрибардзинадуарзаг нацийæн
Украинайы президент Володимир Зеленски Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиæн знон публикацигонд видео-сидты тыххæй бузныг дзуры.
«Бузныг уын цытджын президент! Агрессорыл иумæйаг æмæ фидар æлхъывд ахсджиаг у, цæмæй йæ алы сыхаг наци сæрибарæй уа. Бæрзонд аргъ кæнын Гуырдзыстонæн æмæ йæ сæрибардзинадуарзаг адæмы» – фыссы Зеленски.
Гуырдызстоны президент Саломэ Зурабишвили знон публикаци скодта видео-сидт, кæцыйы райхъусын кодта: «Дыууæ азы рацыд, фæлæ Уæрæсе нæ фæуæлахиз ис, нæ бафæрæзта Украинайы хъæддыхдзинад басæттын».