Владимир Зеленский – Уæрæсейы масштабон ныббырсты рæстæджы, мах, украинæгтæ, иунæгæй баззадыстæм æмæ иунæгæй тох кодтам
Владимир Зеленский – Уæрæсейы масштабон ныббырсты рæстæджы, мах, украинæгтæ, иунæгæй баззадыстæм æмæ иунæгæй тох кодтам

Украинæйы президент Владимир Зеленский расидтис, цæмæй Кремль Украинæйы арæнтæм хæстæг æфсæддонты æрвитын куы райдыдта, уæд Европæ æмæ АИШ-мæ бахатыд æххуысы тыххæй, фæлæ йæ куырдиæттæ ницæмæ æрдардтой.

Зеленский Fox News-æн эксклюзивон интервьюйы куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы масштабон ныббырсты размæ, уый йæхæдæг бахатыд уæды АИШ-ы президент Джо Байденмæ, цæмæй Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ æрæвæра, Украинæйы арæнтыл æфсæддонты æрвыстæн дзуаппæн.

Зеленскийы ныхасмæ гæсгæ, уый дæр домдта хæцæнгарзы ифтонгад, фæлæ дзуаппæн райста, цæмæй уый æрмæстдæр уæд æрцæудзæн, кæд æмæ Уæрæсе Украинæмæ бабырсдзæн.

«Параллелонæй фарстон Евроцæдисы бæстæтæй, фæлæ уыдонæн уый гæнæн нæ уыд æнæ АИШ-ы разыдзинадæй». Уыдон æдзухдæр кæсынц разамонæгмæ, АИШ-мæ. «Уæдæ масштабон ныббырсты рæстæджы мах украинæгтæ иунæгæй баззадыстæм, æмæ иунæгæй тох кодтам», – банысан кодта Зеленский.

Владимир Зеленский афтæдæр расидтис, цæмæй ныфс дары Трампæй реалон фарсылхæцындзинад.

«Кæд æмæ президент Трампы фæнды Путины бафидауын кæнын, уæд уый йæ бон у». «Мах фæнды, цæмæй уый уа рæстады фарс, Украинайы фарс», – расидтис Зеленский.

Уымæй уæлдай ма, Украинæйы президент æрсидт Путиныл фылдæр æхсæнадæмон æлхъывдадмæ, сæрмагондæй та Китайæ, цæмæй фадат уа бадзырдмæ æрцæуын æмæ «æдасдзинады уæрæхдæр гарантитæ» райсын.

«Уырны мæ, цæмæй æрмæст Европæйы гарантитæ фаг никуы уыдзысты».

«Европæйæгтæ æмбарынц, цæмæй æнæ АИШ-æй, президент Трампæй æдасдзинады гарантитæй уый фаг нæ уыдзæн». Путин Европæйæ нæ тæрсы. «Хъыгагæн афтæ у», – расидтис Зеленский.