Владимир Зеленски хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украинайы ахæстæтты уæвæг ахæсттæ æввахс фидæны фыдыбæстæтæм æрыздæхдзысты
Владимир Зеленски хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украинайы ахæстæтты уæвæг ахæсттæ æввахс фидæны фыдыбæстæтæм æрыздæхдзысты

Украинайы  президент  Владимир Зеленски  хъусын кæны, цæмæй  Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвилиимæ  фембæлдыл  æркастысты  уыцы æмбæстæгты  фыдыбæстæмæ æрыздæхт,  кæцытæ  ахст сты  Гуырдзыстоны æмæ Украинайы  ахæстæтты.

Владимир Зеленски  Саломэ Зурабишвилиимæ фембæлды фæстæ  прессконференцийыл  куыд райхъусын кодта, афтæмæй   юридикон  процелдурæтæ  ныридæгæн цæуынц  æмæ ацы адæймæгтæ  æввахс фидæны  æрыздæхдзысты  сæ хæдзæрттæм.

Уыимæ иумæ  Зеленскийы  дзырдæй,  Гуырдзыстон Украинайæн  у тынг асхджиаг  базарадон партнер  Хуссар Кавказы  регионы.

«Уырæнг дæн, цæмæй  коронавирусы пандемимæ нæкæсгæ, ацы  аз нын уыдзæн  нысаниуæгджын базарадон зилдух, Уый уыдзæн иуæй-иу сегасдæр ахсджиаг  рард  экономикон æмгуыстады  фарстытæ  иумæйаг  æхсæнхицауадон , гуырдзиаг-украинаг   комисси.  Архайæм,  цæмæй  сæндидзын кæнæм  æмæ ауадзæм радон  дæсæм  рабадт ацы  азы сентябры.  Хъуамæ стынг кæнæм координаци  адæймæгты æхсæн  контактты æмæ  туризмы сферæйы, уæлдайдæр  цæугæ пандемийы уавæрты.  Бонвæткы лæууы  вакцинацийы  фæдыл  документты банымад, цæмæй æмбæстæгтæн фенцондæр кæнæм  арæнтыл змæлд.  Афтæдæр æркастыстæм нæ æмбæстæгты фыдыбæстæмæ æрыздæхт, кæцытæ  сты  Гуырдзыстоны æмæ Украинайы  ахæстæтты.  Уый  фæдыл юридикон процедурæтæ нырид цæуынц  æмæ ацы адæймæгтæ æввахс фидæны  æрыздæхдзысты сæ  хæдзæрттæм», –   загъта Владимир Зеленски.