Владимир Зеленски - Æртæ бæстæйæ, Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ нæ бынат ссардзыстæм Евроцæдисы системæйы
Махæн иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй фыццаг хатт исæм хайад ацы бæрзонд рангы фембæлды, кæцыйы хайад исынц ассоциацидзинады бæстæтæ. Баиу стæм ацы тыхархайдмæ, тырнынадмæ æмæ нæм ис иумæйаг нысæнттæ фидæнмæ, уый у Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнгæй суæвын, – уый фæдыл Украинайы президент Владимир Зеленски Батумы æхсæнадæмон конференцийыл – «Гуырдзыстоны европаг Фæндаг» дзырдæй ралæуды рæстæджы загъта.
Владимир Зеленскийы дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы Федераци суверенон территоритæ бацахсы æмæ ацы æрдгæй нын Евроцæдисы æххуыс нысаниуæгджын у.
«Фæнды нæ бирæ хæстæгдæр уæм, слæууæм Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагыл, ассоциацидзинады бадзырды æххæст кæнын райдыдта, æнæвизæ змæлды режим архайы, ассоциацидзинады бадзырды фæлгæтты хæсисттæ æххæст цæуынц. Хъыгагæн, Уæрæсейы Федераци бацахсы суверенон территоритæ æмæ ацы æрдгæй, тынг ахсджиаг нын у æххуыс Евроцæдисæй», – райхъусын кодта президент Зеленски.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæевроинтеграцийы фæндагыл, сæрмагонд нысаниуæг уыдзæн декабрмæ плангонд хурыскæсæн партнерады саммитæн.
«Саммитыл хъуамæ зæгъæм, цæмæй сафæм адæмы, хъæуы нæ политикон контекст, геополитикон цæстæнгас фидæнмæ. Ацы инициативæйы фæлгæтты æнæмæнгхъæугæ у тыхархайд стынг кæнын, науæд та ацы тыхайрхайды реалон фидæн нæ уынын. Ацы саммитыл хъуамæ фенæм, цæмæй евроцæдисы æрдгæй ис реалон цæстæнгас, разы стæм ацы инициативæимæ æмæ ацы æрдгæй сыххæст кæндзыстæм нæ европаг тырнынадтæ. Райын ацы фæндаг кæй лыг кæнæм æмæ нын кæй уыдзæн нæ нысанмæ æрцæуыны фадат, æртæ бæстæ, Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ, нæ бынат ссардзыстæм Евроцæдисы системæйы», – райхъусын кодта Владимир Зеленски.