Владимир Путин  падзахадон Думамæ бавдыст закъонопроект а.х. Хуссар Ирыстоны  æмæ Уæрæсейы æхсæн  дывæр æмбæстагады бадзырды ратификацийы фæдыл
Владимир Путин падзахадон Думамæ бавдыст закъонопроект а.х. Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы æхсæн дывæр æмбæстагады бадзырды ратификацийы фæдыл

Уæрæсейы  президент, Владимир Путин падзахадон Думамæ  бавдыста  закъонопроект, а.х. Хуссар Ирыстон æмæ   Уæрæсейы æхсæн  дывæр æмбæстагады бадзырды ратификацийы фæдыл. Бадзырдыл 2021  азы 20 сентябры  бафыста къух æмæ   уым банысангонд у, цæмæй  иу фарсы æмбæстæгтæн  ис бар   сæрмагонд æмбæстагадимæ иумæ   райсой  дыккаг  фарсы  æмбæстагад дæр.

Уæрæсе, а.х. Хуссар Ирыстоны  æмбæстæгтæн, кæцытæ  сты æххæстаздзыд, дæтты бар, Уæрæсейы  æмбæстагад   райсын фенцондæргонд уагæй. Æмбæстагад  райсты домæнтæ,  куырдиат  бавдисыны  уаг,  бавдисиснаг  документты ранымад æмæ  куырдиæттæ æркæсыны  уаг бæрæг  кæны  Уæрæсейы  президент.

Закъонороекты мидæг банысангонд у, цæмæй  дыууæдæр фарсы  æмбæстагад кæмæ ис уыцы  уæнгтæ  пайда кæндзысты уыцы бæстæйы   зæкъондæттынадæй  бæрæг социалон  ифтонгады,   ахуырады æмæ медицинон   лæггады  бартæй,  кæцыйы  территорийыл  цæрынц  иудадзыг. Иурæстæгонæй, кæцыфæнды фарсмæ  ис бар, ахæм уæнгтæн  ратта  бартæ æмæ уæлбардзинæдтæ  йеуæд дæр, кæд уыдон цæрынц   дыккаг фарсы  территорийыл.

Бадзырдæн хæъуы ратификаци скæнын  æмæ йæ  тыхмæ бахиздзæни ратификацион  грамотæты  баивды  бонæй.  Уый  архайы   фондз азы дæргъы  æмæ автоматонæй  ранæуæг уыдзæн иннæ  фондз азон периодмæ, кæд  фæдылдзог фондз азон периоды  аивгъуыдмæ  æхсæз мæй агъоммæ,  кæцыфæнды фарсы официалон  каналтæй  нæ  фехъусын кæндзæн иннæмæн.

«Бадзырд аскуыныны  фæстæ   атвоматонæй   кæнæ сæ иу кæнæ се ннæ  фарсы  æмбæстагад  нæ  фесæфдзæни.  Дыууæдæр  фарсы æмбæстагад кæцы уæнгтæн уыдоны  дарддæры  уæвын  регуляцигонд цæуы  архайæг  æхсæнадæмон   бадзырдтæй æмæ   фарсыты   закъондæттынадæй» –  банысангонд у  документы.