Владимир Путин ныгуылæны бæстæтæн амоны, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы НАТО-йы уæнгсуæвыны цауы, гæнæн фæстиуджытыл ахъуыды кæнын
Уæрæсейы президент Владимир Путин ныгуылæн бæстæтæн амоны, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы НАТО-йы уæнгсуæвыны цауы, гæнæн фæстиуджытыл авхъуыды кæнын. Уый фæдыл Владимир Путин Уæрæсейы аккредитацигонд минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы загъта.
«Ахæм агрессивон къахдзæфтыл, кæцытæ Уæрæсейæн комкоммæ тас хæссынц, махæн уыдзæн пропорционалон реагирдзинад. Нæ коллегæтæ, кæцытæ фæкарз кæныны хъазт кæнынц, Украинæ æм Гуырдзыстоны альянсы æфсæддон орбитамæ баиу кæныны æрдæм тырнынц. Хузыдæр у, ахъуыды кæной ахæм æнæбæрнон политикъæйы гæнæн фæстиуджытыл» – райхъусын кодта Уæрæсейы президент.
Владимир путины дзырдæй, хъæуы æндæр позиивон боны фæтк, кæцы иумæйан куысты æрдæм зæдхт уыдзæн. Уæрæсейы президент банысан кодта цæмæй ацы фарстайы президент Дональд Трампимæ фæныхас кодта.
«Европæйы æдасдзинады, стабилондзинады срæвдз кæныны дæгъæл ис æмгуыстады ауæрæхдæр кæныны, æууæнк сног кæныны æмæ – Уæрсеæйы арæнты цур НАТО-йы ног базæты арæзтады, æфсæддон инфраструктурæйы айтындзыны, ерын цы цæуы уый» – райхъусын кодта Владимир Путин минæвæртты Кремлы уагъд фемьбæлды рæстæджы.