Уæрæсейы президент Владимир Путин фехъусын кодта Куадзæны фидауынады бадзырд йæ тыхы бацыды тыххæй.
Уый тыххæй Уæрæсейы президент сарæзта Уæрæсейы генералон штабы хистæр Валерий Герасимовимæ фембæлды рæстæджы.
Уый загъта, зæгъгæ, Куадзæны фидауынад ахæсдзæн 19 апрелы 18:00 сахатæй 21 апрелы 00:00 сахаты онг.
“Абон 18:00 сахатæй хуыцаубоны 00:00 сахаты онг Уæрæсе расидт Куадзæны фидауынад. Ацы периоды æппæт хæстон архæйдтытæ æрлæудзысты”, — загъта Владимир Путин.
Куадзæны фидауынад 30 сахаты дæргъы аххæсдзæн.
Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе хъуамæ уа цæттæ Киевы æрдыгæй æхсты фæурæды гæнæн хæлдтытæм æмæ æрсидт Валерий Герасимовмæ, цæмæй цæттæ уа ныхмæлæууæджы æрдыгæй цыфæнды провокаци кæнæ агрессивон архайд фæстæмæ æруадзынмæ.