Владимир Путин хъусын кæны, цæмæй ныгуылæн Украинайæн ракетон системæтæ дæттын куы адарддæр кæна, уæд Уæрæсе бырст сыххæст кæндзæн уыцы объекттæм, кæцытæм нырма нæ бахъавыд
Владимир Путины фидиуæнæй, зæгъгæ Ныгуылæн Украинайæн антиракетон системæтæй ифтонгад адарддæр кæндзæн, уæд Уæрæсе ныххафдзæн уыцы объекттæ, кæцытæм бырст ацы афонмæ нæ уыдис.
Уæрæсейы президенты дзырдæй, АИШ-æй Киевæн залпон реактивон системæйы алæвæрд украинаг æфсæддон техникæйы сæфтыты баххæст кæнынæн цæуы.
Йæ дзырдæй зæгъгæ уырыссаг фарс æмбары, цæмæй плангонд 45-70 км дистаницийыл æххæссæг ракетæты алæвæрд, фæлæ куыд ацы хæстфитонгад адарддæр уыдзæн уæд Мæскуы адарддæр кæнздæн сæ куынæг кæнын.
«Кæд та сæ алæвæрд дарддæр кæндзæн, уæд мах рахæсдзыстæм æмбæлгæ хатдзæгтæ æмæ спайда кæндзыстæм нæ хæцæнгарзæй, кæцы нын ис æгъгъæд бæрцæй уыцы объекттæм хафт сыххæст кæнынæн, кæцытæм нырма нæ бырсæм», – райхъусын кодта Путин.