Владимир Путин   хъусын кæны, цæмæй  Цæцæны уылты  Гуырдзыстонмæ  фæндаджы арæзтад  Уæрæсейы транспорты министрады  проектты  æхсæн нæй
Владимир Путин хъусын кæны, цæмæй Цæцæны уылты Гуырдзыстонмæ фæндаджы арæзтад Уæрæсейы транспорты министрады проектты æхсæн нæй

Уæрæсейы  президент   Владимир  Путин  хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ  Цæцæны  уылты  Гуырдзыстоны  æрдæм фæндаг арæзтад, Уæрæсейы  транспорты  министрады  проектты  нæй.

Фæндаджы  арæзта  фæдыл   Путины  абоны   пресс-конференцийыл   фарстой.

«Ныхас  цæуы  Цæцæны  уылты   Гуырдзыстоны æрдæм фæндаг арæзтадыл.  Уымæй  аскуыддзаг уыдаит   стратегион фарстатæ.   Цы хъуыды кæнут  уый тыххæй  æмæ цас  пайдаджын  уæм кæсы  куыд   Уæрæсейæн,  афтæ Гуырдзыстонæн», –  баздæхт журналист Путинмæ.

Уæрæсейы  президент куыд банысан кодта афтæмæй,    фæндаджы  арæзтад    хорз идея у  æмæ йæ  сыххæст кæнын зæгъгæ ис  гæнæн.

«Æцæгдæр ис проблемæ  Гуырдзыстонимæ коммуникацийы æрдгæй,   сæрмгондæй  та  зымæджы, фæндæгтыл мит куы  æруары,  уæд.   Цы загътат, уый   хорз идея у, фæлæ уый транспорты министрады    практикон  проектты  æхсæн нæй. Фæлæ мæ ныфс ис   ацы  идеяйы  фæдыл  зонынц æмæ  уый  сыххæст кæнын  гæнæн ис»,- банысан кодта  Уæрæсейы   президент.