Владимир Путин абон официалонæй æрывнæлдтæ Уæрæсейы президенты хæстæ æххæст кæнынмæ
Владимир Путин абон официалонæй æрывнæлдтæ Уæрæсейы президенты хæстæ æххæст кæнынмæ цыппæрæм æмгъуыдæй. Путин ард бахордта Кремлы стыр кæнты.
«Ацы моменты, Уæрæсейы президенты хæстæ æххæсткæнын куы райдаын, уæд мæхи тынг бæрнонæй хатын алкæй раз» – ацы ныхæстæй басидт Владимир Путин цæрдлжытæм, ард бахæрыны фæстæ. Уый раарфæ кодта Уæрæссейаг æмбæстæгтæн, æвзæрстыты йын кæй схъæлæс кодтой уый тыххæй.
Сараздзынæн цæй гæнæн ис саразын уый æппæт, цæмæй фестырдæр кæнон, Уæрæсе фидардзинад, кад æмæ дзæбæхдзинад – загъта Путин.
Уый афтæдæр загъта, цæмæй Уæрæсе цæттæ у диалогмæ æмæ адарддæр кæндзæн партнертимæ интеграцион проектыты тынгад. Фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ, сæйраг приоритеттæ уыдзысты мидæгон проблемæтæ.
Инаугурацийы онг дыууæ бон размæ, Уæрæсейы дæсгай сахарты ацыдысты Путины президентдзинады ныхмæлæуджыты проестон акцитæ. Полици рацахста 1600 адæймаг. Сабырадон демонстрантты ахст бафаудтой Евроцæдис æмæ АИШ-æ.