Владимер Константиниди – Æхсæнадæмон æмгарад фауы Уæрæсейы Федерацийы къахдзæфтæ
Уæрæсейы Федерацийы уынаффæ у радон æнæзакъонон къахдзæф Гуырдзыстоны регионты, Уæрæсейы политикъон æмæ æфсæддон тыгъдадмæ интгрецийы æрдæм, кæцы у Уæрæсейы агрессивон политикæйы дарддæрдзу – уый фæдыл фидиуæн Гуырдзыстоны фæсарæнхъуыддæгты министрады минæвар, Владимер Константиниди Уæрæсейы Федерацийы æмæ оккупацигонд Абхазы æхсæн къухæвæрд меморандумы фæдыл сыразта, кæцы йæ хъуыдыйы дары оккупацигонд Абхазы а.х. æфсады модернизацидзинад.
Владимер Константиниди куыд радзырдта, афтæмæй, Уæрæсейы Федерацийы уынаффæ, уæлæмхас хардзтæ рауæлдай кæна модернизацийы проектæн, æнцойæвæрд у, Уæрæсейы Федерацийы æмæ оккупацигонд Абхазы æхсæн партнерады фæдыл бафыст уыцы а.х. бадзырдыл, кæцы документ йæ бындурæй у æнæлегитимон.
«Æхсæнадæмон æмгарад нæ фидауы Гуырдзыстоны территориты оккупациимæ æмæ фауы Уæрæсейы Федерацийы ахæм къахдзæфтæ, кæцы сфиксир сты æхсæнадæмон æмгарады æнæиу реагирдзинадæй Уæрæсейы деструкивон архæйдтытæм. Гуырдзыстон спайда кæндзæн уымæ уæвæг алы фæрæзтæй, адарддæр кæндзæн партнерты информир кæнын, æхсæнадæмон трибунæтæй æмæ форматæй активон архайын, сæ нымæцы ныр цæугæ генералон ассамблейы дебатты форматæй, кæцыйыл дунейы лидертæ æрымбырд сты, цæмæй æхсæнадæмон аргълæвæрд райса æмæ урæд æрцæуа Уæрæсейы æрдгæй ахæм архæйдтытæ»,- банысан кодта Владимер Константиниди.
Уæрæсейы президент Владимир Путин, оккупацигонд Абхазы а.х. гарзджын тыхты модернизацийы нысанæй, бадзырд бафыссыны барамынд рауагъдта.
Владимир Путины уынаффæйæ, оккупацигонд Абхазы æфсæддон тыхты модернизацийы хардзтæ сфинанс кæндзæн Уæрæсе.