Вильнюсы ацыд Саломэ Зурабишвилийæн йæ размæ рацыды  официалон церемони
Вильнюсы ацыд Саломэ Зурабишвилийæн йæ размæ рацыды официалон церемони

Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвилийæн йæ размæ рацыды  официалон церемони  абон   Вильнюсы   президенты галуаны ацыд.

Церемонийы фæлгæтты сыххæст ис  Гуырдзыстоны æмæ Лиетувæйы  гимнтæ   æмæ  президенттæ  скад кодтой  Лиетувæйы æмæ Гуырдзыстоны  паддзахадон тырысатæн.

Гуырдзыстоны президент Гитанас Науседайæн  йемæ уæвæг   делегацийы уæнгты   базонын кодта.

Размæ  рацыды  официалон церемонийы фæстæ  Гуырдзыстоны президент  ныффыст сарызта  цытджын  уазджыты  чиныджы.

«Мæнæн куыд Гуырдзыстоны президентæн, стыр цыт у Лиеутвæмæ  æрцæуын. Ацы официалон визит  ноджы иу хатт хахх кæны  уыцы арф  хæларон ахастытæ, кæцыты нæ дыууæ стыр нацийы иу кæнынц. Фæнды мæ  адæмы  номæй  зæрдиаг бузныг  зæгъын  Лиетувæйæн   Гуырдзыстонæн   хъæддых фарсдарыны тыххæй æмæ  ныфс дарын, цæмæй  ноджы бирæ азы  аххæсдзæни нæ фидар партнерад», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

Гуырдзыстоны официалон  делегацийы  сконды  сты: Гуырдзыстоны  парламенты депутаттæ –  Александре Элисашвили æмæ теона Акубардиа, Гуырдзыстоны  президенты  администрацийы  хистæр  Натиа  Сулава, Гуырдзыстоны президенты  уынаффæгæнæг   æхсæнадæмон организацитимæ ахастыты æмæ  социалон-экономикон  фарстаты Кетеван Татошвили.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны  президенты администраци.