Виктор Орбан – Гуырдзыстон у бæстæ, кцымæ сæрмагондæй æмбæлы статус
Виктор Орбан – Гуырдзыстон у бæстæ, кцымæ сæрмагондæй æмбæлы статус

Гуырдзыстон у бæстæ, кæцымæ сæрмагондæй  æмбæлы   кандидаты статус –  уый фæдыл Венгрийы премьер-министр, Виктор Орбан Цъинандалы, Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий Гъарибашвилиимæ иумæйаг   брифингыл райхъусын кодта.

Виктор Орбан  куыд банысан кодта афтæмæй,  Венгри  у  Гуырдзыстоны  Ервопаг   тырнынадты  фидар фарсхæцæг.

«Кæддæриддæр хъуамæ   тох кæнæм æхсæнадæмон политикæйы, цæмæй   конфликттæ  куыд гæнæн ис  афтæ  тагъд  фæуа   сабырадон  бадзырдтæй.  Уый у сегасдæр сæйраг  райрæзтæн.  Хъуамæ райхъусын кæнæм, цæмæй дуне  дард у  уымæй. Мах, гуырдзиæгтæ æмæ венгриæгтæ ацы хъуыддаджы  кæрæдзийы  фарсмæ лæууæм  æмæ алцыппæт аразæм  дыууæ бæстæйы  æмгуыстады фæрцы, цæмæй  ацы хъуыдыæн  фæндаг саразæм. Райдыдтам стратегион  бадзырды сыххæст, кæцыйыл къух абфыста дыууæдæр  бæстæ. Мæ  хæлар    Ираклий  загхта, цæмæй  Венгри  у Гуырдзыстоны европаг тырнынады  фидар фарсхæцæг.  Хъуыды кæнæм, цææмй  уый  рæстаг у, ома Гуырдзыстонмæ лæвæрд хъуамæ уа  вроцæдисимæ æрыввахсы  фадат  æмæ уый у афтæдæр европаг интерестæм æмбæлгæ.Хъуыды кæнын, централон, хурыскæсæн  Европæйы  бæстæтæ куыд иу кодтой Евроцæдисмæ, уый у  2000-æим азты астæу период. Мах  сарызтам конкурентхълмад евроцæдисæн.  Венгри  куыннæ  суыдаит Евроцæдисы  уæнг  уыцы рæстæджы,  уæд фæкъуыхцы уыдаит  Евроцæдисы экономикон   райрæзты  бæрæггæнæн.  Фæстаг  20 азы  экономикон  рæзт гæнæн  ис  ахæссæм фылдæр   централон Европæйы  уæнгсуæвынмæ, кæцы уый нысан  кæны, цæмæй  европаг цæдисы хъæуы ахæм жинамизм, ахæи  энерги, ахæм адæймæгтæ, кæцыты фæнды  кусын,  креативон куыд  уой афтæ,  кæмæ дæр амбицитæ  ис. Кæд Европæ  нæ райсдзæн аæм адæймæгты, афон куы æрлæудзæн уæд, фæстагмæ  Евроцæдис тыхыбын бауыдзæн аргъ бафидын, уымæй цæмæй  фесафдзæн йæ конкурентхъомад. Цытджын  адæм, ацы  контексты  Гуырдзыстон у  бæстæ, кæцымæ сæрмагондæй æмбæлы  кандидаты статус» – райхъусын кодта  Орбан.