Виктор Орбан – Брюссель цы хъуыды кæна, уымæ æнæкæсгæйæ, алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй Гуырдзыстон фидарæй адарддæр кæна Евроцæдисмæ йæ фæндагыл
Виктор Орбан – Брюссель цы хъуыды кæна, уымæ æнæкæсгæйæ, алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй Гуырдзыстон фидарæй адарддæр кæна Евроцæдисмæ йæ фæндагыл

Венгри фидарæй хъахъхъæны Гуырдзыстоны суверенитет, æрмæст дыууæфарсон ахастыты фæлгæтты нæ фæлæ ма Евроцæдисы территорийыл дæр – уый фæдыл Венгрийы премьер-министр Виктор Орбан Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзеимæ иумæйаг пресс-конференцийыл расидтис.

Виктор Орбаны ныхасмæ гæсгæ, Брюсселы хъуыдымæ æнæкæсгæйæ, Венгри алцыппæт сараздзæн, цæмæй Гуырдзыстон дарддæр кæна фидарæй цæуа Евроцæдисмæ фæндагыл.

«Мах кæддæриддæр нæхи æнкъарæм Гуырдзыстоны æмцæдисонæй æмæ æвдисæм Гуырдзыстоны Евроцæдисы раз алы уыцы тохты, кæцыты Гуырдзыстон тох кæны йæ суверенитет æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæныны тыххæй.Æнæкæсгæ уымæ, цы хъуыды кæна Брюссель, разы стæм, цæмæй алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй Гуырдзыстон дарддæр кæна фидарæй цæуа Евроцæдисмæ фæндагыл», -расидтис Виктор Орбан.