Венецийы Комисси Гуырдзыстоны хицауадмæ рекомендацийæ сиды, закъонопроектмæ бахæсса ахæм ивд, кæцы иуæрдон къæйтты барадонæй банымад бауадзинаг скæндзæн
Венецийы Комисси рекомендацийæ сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, «бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» закъонопроектмæ бахæсса ахæм ивдтытæ, кæцы бауадзинаг скæндзæн иуæрдон къæйтты барадон банымад.
«Конституцион закъоны проект кæд æнæивгæйæ баззайдзæн, Венецийы Комиссийы рекомендацитæ сты: закъонопроект 1.1 статийы афтæ раивын, кæцы бауадзинаг скæндзæн иуæрдон къæфтты барадон банымад; 1.1 статийæ дзырды «генетиконæй» сисын; закъонопроекты 1.2 статийы ныхас «гетеросексуал» терминæй «иу» кæнæ «индивидуалон»-æй фæивын; конституцион закъонопроектæй 1.3. сатийы схафын; закъонопроекты 1.4 статийæ фыццаг фразæ схафын (генетикон бæрæггæнæнтæм æмбæлгæйæ) æмæ æгъгъæд бæрцæй деталон, дырыс закъоны бакусын, кæцы сифтонг кæндзæн цырд, æргом æмæ рæувадат процедурæты трансгендер уæнгтæн регистрацигонд æрдон маркеры фæивынæн;
Закъонопроекты 1.5 статийы схафын кæнæ йæ афтæ равиын, цæмæй ифтонгггонд уа æнæдискриминацион стандарттимæ æмбæлондзинад; закъонопроекты 1.6, 1.7 æмæ 1.8 статиты схафын, инцесты та хицæнæй срегулир кæнын тугтæрхоны барады закъоны фæлгæтты. Венецийы комисси Гуырдзыстоны хицауады æмæ парламентон ассамблейы барамынды зайы ацы фарстайы æххуыс адарддæр кæнынæн», – дзырдæуы Венецийы Комиссийы хъуыдыйы.
Венецийы Комисси «бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл» конституцион ивдтытæм гæсгæ публикаци скодта цæстæнгас.