Венецийы камис ноджы иу хатт бæлвырд кæны, Гуырдзыстоны конституцион реформæйæн æвæрццаг аргъ кæй кæны уый
Венецийы камис ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй Гуырдзыстоны сæххæст конституцион реформæйæн æвæрццаг аргъ кæны.
Камисы хатдзæгы куыд у банысангонд афтæмæй, камисы уæнгтæ æвæрццаг аргъ кæнынц реформæйы процессæн, кæцы «Бæстæййы политикъон системæйы парламентон моделæй раивд кæронмæ бакæндзæн æмæ у конституцион фæткæвæрды фæхуыздæры æмæ консолидацийы æрдæм арызт позитивон къахдзæф, кæцы бындурæвæрд у, демократийы принциптыл. Закъонысæйрагдзинады æмæ фундаментон барты хъахъхъæдыл». Кмис банысан кодта, цæмæй ног барастытæ, конституцийы тексты фæхуыздæр кæндзæн.
Документы афтæдæр дзырдæуы, цæмæй Венецийы камис Гуырдзыстоны ног конституцийы фæдыл хъуыдытæ публикаци скодта 2017 азы октябры. Уый æрцыд, конституцийы текстмæ ивдтытæ бахæссыны размæ.
«Ног барасты проект йæ хъуыдыйы дары ныфсæвæрд ивдтыты æмæ фылдæр бындурæвæрд у камисы рекомендацитыл» – хъусын кæнынц камисы.
Хатдзæгы ноджы иу хатт у равдыст хъыгтæ, пропорцион æвзарæнон системæмæ ахизыны æмгъуыдты 2024 азмæ ахæцынмæ гæсгæ.
Фæлæ Венецийы камисы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, уыцы конкретон барастытæ, кæцытæ уæлвæтк хуызæй йæ тыхы уыдзæн 2020 азмæ æвзæрсытты рæстæджы ( дзырдæуы партион блокъты формиркæныны æмæ æвзарæн барьеры 3%-ы онг æрныллæгдæр кæныныл), æвдисынц уыцы фактортæ, кæцытæ бæрæг хайæ уæддæр фæлæмæгъдæр кæндзысты пропорцион æвзарæн системæмæ ахизыны æмгъуыды ахæцынæй, чысыл партиты цы негативон фæстиуæг райсдзысты уый. Венецийы камис ацы барастæй райгонд у.
Камис афтæдæр райгонд у, æнæрайуæрст мандатты æмбæрцæй райуарыны системæ æрбайстæй, кæцы скусдзæн 2024 азы æвзæрстыты фæстæ. Камис æвæрццаг аргъ кæны ноджы цалдæр барасты. Сæ нымæцы 16-æм статийы барасты проектæн, кæцы дины сæрибардзинадмæ æххæссынц. Афтæдæр конституцион тæрхондоны фæрцы хаст ивдтытæн.
Венецийы камис æвæрццаг аргъ кæны уыцы барастæн, кæцымæ гæсгæ дæо фæмацы уыдзæн уаг, кæцы уагъд æвзæрстыты æнæконституционыл банымайынæн домтта конституцион тæрхондоны пленумы алы уæнгы разыдзинад.
Ацы рæстæджы Венецийы камис амоны, цæмæй «Æмбæстæгты барты æмæ сæрибардзинæдты арæнæвæрды закъонон бындур хъуамæ уа максималонæй къуындæг, цæмæй сæ интерпретаци ма цæуа æмæ хицауад ма хъуамæ пайда кæна уæрх æнæ æгæрон дискрецийæ ацы легитимон фæндæгты имплементацийы рæстæджы, хъуыддаг ахæм сенситивон фарстмæ куы æххæссы уæд».
Камисы хатдзæгы æрнымад сты уыцы рекомендацитæ дæр, кæцытæ рагхыгъдгонд нæ уыдысты. Сæ нымæцы ис уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнджыты æмæ сæйраг прокурроры сныан кæныны уаг.
Ноджы иу рекомендаци, кæцы афтæдæр нæ уыд рагхыгъдгонд, æххæссы партиты территорион принципæй бындурæвæрды æгъдауы тобæйы фарстмæ. Затдзæгы дзырдæуы, цæмæй ацы тобæ нæу раст æмæ хъуам бацагуырдæуа къаддæр куылмпыгæнæг амлæттæ.
Документы кæрон камис ноджы иу хатт банысан кодта, цæмæй конституцион реформæйы æнæмæнгхъæугæ у максималонæй уæрæх консессумæ æрцæуын.