Важа Сирадзе – митингы хайадисджытæ  архайынц фæндаг æрæхгæныныл, полици уымæ гæсгæ архайы, алкæмæн дæр хæсджын у закъон æххæст кæнын
Важа Сирадзе – митингы хайадисджытæ архайынц фæндаг æрæхгæныныл, полици уымæ гæсгæ архайы, алкæмæн дæр хæсджын у закъон æххæст кæнын

Патрулон полицийы хистæр Важа Сирадзейы ныхасмæ гæсгæ, оппозицион акци-маршы, кæцы ацы рæстæгмæ Агъмашеблийы аллейыл цæуы, фæндаг æрæхгæнынæн адæм фаг нæу.

Сирадзе куыд расидтис афтæмæй, зæгъгæ митингы хайадисджытæ  хъавынц фæндаг сыхгæнын.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, пъæлицæйæгтæ архайынц закъонмæ гæсгæ.

Пропорционалонæй ис пъæлицæ. Пъæлицæйæгтæ цалдæр хатты бамбарын кодтой, цæмæй ацы бæстæйы ис закъон æмæ алкæмæн дæр хæсджын у закъон æххæст кæнын. Æмбырд æмæ демонстрацийы закъонмæ гæсгæ, адæмы нымæц уыйбæрц куы нæ вæййы æмæ сæ фæндаг бакъуылымпы кæнын куы фæфæнды, уæд пъæлицæйæгтæ уымæ гæсгæ архайынц. Цалдæр хатты фæдзырдтам, уый фæстæ фæндагæй ахызтыстæм. Кæд æмæ 50 адæймаг ахиздзæн фæндаджы сæрты æмæ йæ æндæр æмæ æндæр пунктты  æрæхгæной, уæд уый гæнæн нæй» – расидтис Сирадзе.

Централон æвзарæн къамисмæ абон 26-æм октябры æвзæрстыты хатдзæггæнæн протокол æмæ бæрæггæнæнтæ бавдыстой, уыцы рæстæджы дæр Централон æвзарæнон къамисы бæстыхайы цур митинг цæуы. Фæстæдæр митингы архайджытæ райдыдтой цæуын ЦÆК-æй.