Васил Магълаперидзе – «Сæны ныммизын» хуымæтæг æдылы ныхас рæцугыън нæу, æцæгæй куы райсæм адон сты антиныхæстæ, кæцытæ генетикъон къод пырх кæнынц
Дзырды сæрибар æмæ зæрдæвæрæны къæвдайæ хуыздæр ма цы ис, фæлæ йæ цæмæн хъæуы адæймагæн ахæм сæрибардзинад, кæцы йын сæны быркуыйы ныммизын кæндзæн – уый тыххæй Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы генералон директор Васил Магълаперидзе фыссы «Фейсбукы» фарсыл.
«Цымидисон эпохæйы уазджытæ стæм, æртъхъирæнтæ, зæгъгæ дам уæ сæны уын ныммиздзынæн! «Сæнмæ ныммизын» кæй фæнды уыдоны лидертæ æмæ фæдонтæ дæр афтæ иу æрмæгæй арызт сты, уæдмæ кæрæдзийы куы никуы федтой, уæддæр иу бакастæй базонынц сæхи хуызæтты æмæ æцæгæллæтты (æндæр адæймæгтæн сты зын равзарæн).
«Сæнмæ ныммизын» нæу хуымæтæг æдылы ныхас рæцыгъд, æцæгæй куы райсæм адон сты антиныхæстæ, кæцытæ пырх кæнынц генетикон код – ахæм æртъхъирæн, ахæм æлгъаг ми, гуырдзиаг æмбарынады матрица ныры онг никуы зындта, ахæм исты зæгъын сеппæтæй æбуалгъ знаг дæр никуы æрхъуыды кодта, уымæн æмæ адæймæгтæм кæддæриддæр нæм баззайы цыдыр иумæйаг хæзнатæ, кæцыты руаджы адæймæгтæ стæм.