Васил Магълаперидзе – мах раздæронау дарддæр кæндзыстæм нæ куыст, уымæн æмæ нын æндæр гæнæн нæй
Парти «Закъон æмæ Рæстдзинады» инициативæ Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы кусджыты компетенцийæ хизы, уымæн æмæ йæ хъуыдыйы дæры закъондæттæн ивдтытæ. Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы генералон директор Васил Магълаперидзе райхъусын кодта.
«Парти «Закъон æмæ Рæстдзинад» кæнæ абоны парламентон партитæ хъуамæ бауырнын кæна ахæм ивдтыты æнæмæнгхъæуындзинады кæнæ та йæхæдæг хъуамæ æрбацæуа хицаудзинадмæ æмæ раива закъон. Уæдмæ та цалынмæ уый не рцыд, мах раздæронау, кæнæ та ныр архайæг закъонмæ гæсгæ адарддæр кæндзыстæм кусын, уымæн æмæ нын æндæр гæнæн нæй» – банысан кодта Васил магълаперидзе.
Тако Чарквианийы партийы абон райхъусын кодтой, цæмæй зæгъгæ «Æхсæнадон Телеуынынады генералон директоры, æвджиддар советы бæсты, хъуамæ сывзарой оппозицион партитæ».
Тако Чарквианийы партийы абон райхъусын кодтой, цæмæй Æхсæнадон Телеуынынады евро-атлантикон темæты срухс кæныны тынг цъус рæстæг цæуы лæвæрд. Афтæдæр сæ хъуыдымæ гæсгæ, Телеуынынады мидæг ис проблемæтæ æмæ сæ сраст кæныны иунæг амал та у, цæмæй къаналы генералон директоры оппозици сывзара.