Васил Магълаперидзе - Ай йас æдылыдзинад æрмæст ахæм адæймагмæ ис гæнæн фæзындаит, кæцы абон базыдта, цæмæй Уæрæсе оккупант у, кæцымæ Уæрæсеимæ иунæг хæст дæр нæ бандæвдта
Абон æндæр æмæ æндæр медиафæрæзтæй æрцæттæ ис æрмæг Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы алæвæрд «Гъамис Шоу Пирвелзе» (Æхсæвы шоу Фыццагыл) акæнæгы, Бачо Каджаиайы фидиуæны тыххæй. Ацы рæстæджы медиафæрæзтæ æвæрдтой фарст, адарддæр кодтаит æви нæ Бачо Каджаиа Фыццаг Къаналимæ æмкуыст кæнын.Уымæй дарддæр ма, боны кæрон парламенты цур цæугæ акцийы иуæй-иу организатор, Шота Дигъмелашвили райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ цæвиттон Бачо Каджаиа протесты нысанæй рацыд Гуырдзыстоны Фыццаг КЪаналæй. Уый тыххæй æмбарынгæнæн ракуырдтам Гуырдзыстоны Фыццаг КЪаналы генералон директорæй, Васил Магълаперидзейæ.
«Æцæгдæр абон æнæхъæн бон æндæр æмæ æндæр формæйæ хæлиу кодта ацы æдылыдзинад, Бачо Каджаиа Уæрæсейы оккупацнтæй кæй схуыдта, уый тыххæй йæ зæгъгæ куыстæй исынц, иуæй-иу цæвиттон хæйрæгдзинадæй архайдтой æмæ нын фарст дæттой, фæлæ сæ нысан дæр уый уыд – ацы æдылыдзинады ахæлиу кæнын. Ай йас æдылыдзинад æрмæст ахæм сæрхъæн адæймагмæ ис гæнæн фæзындаит, кæцы абон базыдта, цæмæй Уæрæсе оккупант у, кæцымæ Уæрæсеимæ иунæг хæст дæр нæ бандæвдта, нæ бавзæрста никуы æмæ æнхъæлы, цæмæй стыр æхсардзинад хъæуы Уæрæсейы оккупантæй кæй схонынц уымæн. Бæрæг у, цæмæй Уæрæсе оккупант у æмæ уый чидæриддæр ай тыххæй æрмæст абон базыдта æмæ уымæй спекуляци кæны у æдзæсгом! Афтæ куыд æппæт бæстæйы, нæдæр Гуырдзыстоны Фыццаг КЪаналыл йæ сæрмæ ничи схæсдзæн цæмæй Бачойæн, кæнæ искæмæн бауайдзæф кæна Уæрæсейы зæгъгæ оккупантæй цæмæн схуыдтай. Иу дыууæ сæрхъæн алкуыран дæр ис æмæ сæ цæй нымадмæ ма исæм. Мæнмæ гæсгæ,, иунæг адæймагмæ, кæцыдæриддæр йæхи зондæн цъус уæддæр цыт кæны, ахæм æдылытæй нæм а хъуамæ нымайа, фæлæ, алчи дæр йæ позицийæ кæсы. Уæдæ диссаг нæу, куы сæвзæрдис фарст, чи æмæ цæмæн архайдта æнæхъæн боны дæргъы ацы æдзæсгом фейкъы ахæлиу кæнын? Чи æмæ уыцы намсыцух субъекттæ, кæцытæ иу уысм нæ фæуаддзысты, цæмæй Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы дискредитаци ма бацархайой. Æмбаргæйæ мæ зæрдæ хсайы, цæмæй уыдон нæдæр ацы æмбарынгæнæн райсдзысты æмæ сом æмæ иннæбон раст уыцы ми фæлхат кæндзысты, уый тыххæй дæр, уыдонæн уарзон, æмæ бæрæг куыд у афтæмæй, иунæг æмбаргæ æвзагыл сын сбæлвырд кæндзынæн ацы фейкъы чи æрымысыд æмæ йæ чи ахæлиу кодта уымæн дæр: .. .. …. …. Чи сайы уымæн!!! Тæппыты бæсты цы дамгъæтæ ныффыссын хъæуы, уый сын ма хъуамæ фæзын уа, ацы ныхæстæ кæмæ æххæссынц уыдонæн!» – хъусын кæны Васил Магълаперидзе.