Васил Магълаперидзе - Æнæ фидар Æхсæнадон Телеуынынадæй медиаплюрализмы гæнæн нæй
Президентæн тынг деталонæй базонгæ кодтам нæ плæнттæ, кæцытæ Æхсæнадон Телеуынынадмæ ис æмæ законопроекты мидис, кæцы кастæуы парламенты – уый фæдыл Æхсæнадн Телеуынынады генералон директор Васил Магълаперидзе, президенты администрацийы уагъд фембæлды фæстæ расидтис.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, президент Гиорги Маргвелашвилиимæ фембæлды рæстæджы закъонопроектыл гæнæн ветойы кой дæр нæ уыд.
«Ацы законопроекты нæ бирæ оппонент, иуæй-иутæ барæй, иннæтæ æнæмбаргæйæ, æмбарынц æнæрастæй. Алы статийы деталонæй æркастыстæм æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, ай уыдис тынг хорз, хъуыддагджын фембæлд. Цас фылдæр уыдзæн ахæм фембæлдтæ, уый йас фылдæр адæймаг базонгæ уыдзæн уавæримæ, мах цæттæ стæм фембæлдтæм, æмæ медий дæр объективонæй хъуамæ срухс кæна ацы хъуыддаг. Трагиконæй ма хъуамæ скæнæм, цæвиттон Æхсæнадон Телеуынынад уын уæ фæцæрæн мулкъ исы. Медиаплюрализм у алы адæймагы æнтыст. Мах та ацы дзæбæхдзинад æвзæрын кæнæм æмæ стæм хуымæтæг инструменттæ ацы хъуыддаджы. Медиаплюрализмы гæнæн нæй æнæ фидар Æхсæнадон Телеуынынадæй. Æрзонгæ ут æппæт дунейы практикæимæ, кæцы у иттæг нысаниуæгджын. Цыдæриддæр та æрылхæды фарстмæ æххæссы, ацы темæйæ спекуляцитæ кодтой, мах курæм æрылхæдæй нæхи суæгъд кæнын нæ фæлæ, продукцийы тендретæй ссæрибар кæнын» – расидтис Васил Магълаперидзе журналисттæн.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, уый чидæриддæр искуы телеуынынады цурты цæугæ уæддæр акодта, хъуамæ æмбарит цæмæй бынтон æнæхъуаджы у алæвæрд кæнæ сериал балхæнайы тендеры фæрцы.
«Ай нæхи æркуырд нæу, фæлæ уый домы Евроцæдис, цæмæй алы Æхсæнадон Телеуынынад ахæм типы тендертæй ссæрибар уа» – бафтыдта ма Васил Магълаперидзе.