«Вашингтон Таймс» - Гуырдзиаг актортæ, кæцытæ архайынц нацийы демокративон институтты, куыст фæкуылымпы кæнын æмæ цырын кæнынц æнæстабилондзинад, Уæрæсейæн ноджы фылдæр фадæттæ дæттынц хифæкæнынæн
Гуырдзиаг актортæ, кæцытæ архайынц нацийы демокративон институттыБ куыст фæкуылымпы кæнын æмæ цырын кæнынц æнæстабилондзинад, Уæрæсейæн ноджы фылдæр фадæттæ дæттынц хифæкæнынæн, – уый фæдыл банысангонд у «Вашингтон Таймсы» статийы, «Гуырдзыстон алвæндагыл».
«Уырыссаг тыхтæ æмæ сæ марионеттæ дарддæр кæнынц Гуырдзыстоны территориты 20 проценты оккупаци. Уырыссаг туризм Гуырдзыстоны æмтгæйон мид продукты зæгъæн ис аст процентмæ æххæссы æмæ Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ æхца æрвитæггæгты дыккаг ставд суадзон у. Гуырдзиаг актортæ, кæцытæ архайынц нацийы демокративон институтты куыст фæкуылымпы кæнын æмæ цырын кæнынц æнæстабилондзинад, Уæрæсейæн ноджы фылдæр фадæттæ дæттынц хифæкæнынæн. Нысаниуæгджын у, цæмæй политикъон актортæ сæ зæрдыл дарой паддзахадон департаменты сидт, цæмæй алы фарс дæр политикон процессмæ æрыздæха æмæ сæхи аиуварс кæной тыхон демонстрацитæй. Сæрмагонд пълæнттыл кусыны рæстæджы, гуырдзиæгтæн сæ бон у уырнæг уын, ома: АИШ-ы фидар æмæ æнæивгæ æххуыс сын ис. 23 октябры минæвæртты палата райста закъон «Гуырдзыстонæн æххуысы тыххæй», кæцы ноджы иу хатт бæлвырд кæны АИШы фарсхæцынад Гуырдызстоны суверенитетæн, нымадмæ исы демокративон хæзнатæн йæ иузæрдыгдзинад æмæ быцæу лæууы Уæрæсейы агрессимæ. Вице-президент Майк Пенсы æмæ Национ æдадсзинады раздæры уынаффæгæнæджы, Джон Болтоны Тбилисмæ визитæй дарддæр, президент Трамп йæ къух бафыста закъоныл, ома Гуырдзыстоны сеператистон регионтæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон, Уæрæсейы æрдгæй оккупацигондыл нымад цæуæт æмæ ивар кæны финанс æххуыс кæцыфæнды бæстæйæн, кæцы банымайдзæн сæ хæдбарад», – банысангонд у статийы.