Варлам Голетиани    - Мах йæ ныхмæ стæм прайды идея æмæ бæрæг цардуагы  пропагандайы ныхмæ, ам стæм Патриархийы сидты тыххæй
Варлам Голетиани - Мах йæ ныхмæ стæм прайды идея æмæ бæрæг цардуагы пропагандайы ныхмæ, ам стæм Патриархийы сидты тыххæй

Нæрайсгæ у цыфæнды  цардуагы  пропагандæ æмæ уый протест кæнæм сабыр формæйæ.  Цыфæнды типы  тыхмидзинад  нæрайсгæ у  æмæ  мах  уый æппæтæй  нæхи дард дарæм? – уый фæдыл  «Намахвангесы»  ныхмæлæуджыты  акцийы  минæвар Варлам Голетиани   райхъусын кодта.

Голетианийы  дзырдæй, йæ фарсхæцджытæ  Руставелийы  проспектыл  патриархийы сидты  тыххæй  сты, кæцы рæстæджы райсдзысты хайад скуывды.

«Мах  йæ ныхмæ  стæм прайды идея æмæ  бæрæг цардуагы  пропагандайы ныхмæ.  Патриархийы  сидты тыххæй  стæм ам. Патриархи у институци, кæцы  иунæг  цауы дæр  нæ уыдзæн тыхмидзинады инициатор.  Ам хъуамæ ацæуа  скуывд кæцыйы  райсдзыстæм хайад.  Стыр акци куы ис æмæ  уым сты æндæр  адæймæгтæ дæр,  кæцытæн афтæдæр нæрайсгæ у  прайды идея æмæ  æндæр типы ныхмæлæуд  нысанæмрастыл нымайынц,  уый сконтрол кæнын нæ патриархийæн у йæ бон æмæ нæдæр махæн», – райхъусын кодта Голетиани.