Вано Мерабишвили – Дæттын уын гаранти, цæмæй иу афæдзмæ ацы хицауад фæуыдзæн
Раст фараст аз æмæ æхсæз мæйы уыдтæн ацы ахæстоны иунæгон ахæстуаты, райгонд дæн уымæй, цæмæй ницы компромиссмæ нæ ацыдтæн, фыццаджы дæр не руагъдтон ницы компромисс мæхицæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр, мидхъуыддæгты раздæры министр, Вано Мерабишвили æфхæрдæххæстгæнæн уагдонæй рацыды фæстæ рахйъусын кодта.
Мерабишвили йæ хæстæджытæн бузныг загъта.
Афтæма раздæры премьер куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, зæгъгæ тох кæндзæн, цæмæй ацы хицауад аддæдуар кæна.
«Мæ хæстæджытæн, адæмæн, фарсхæцджытæн, ам чи ис æмæ дардæй нæ фарс чи хæцы, уыдон æппæтæн, уæ æххуысæй æмæ фидæны ныфсæй мæхимæ бавæрдтон тыхтæ, ныфс, уырнынад, адарддæр кæнон тох, уый тыххæй, цæмæй ацы режим Гуырдзыстонæй ацытæккæ ахицæн кæнæм, дæттын уын гаранти, цæмæй иу афæдзмæ ацы хицауад фæуыдзæн», – райхъусын кодта Вано Мерабишвили.
Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр æмæ мидхъуыддæгты министр, Вано мерабишвили æфхæрдæххæсткæнынады уагдонæй абон рацыд. Мерабишвилийæн ахсты æмгъуыд абон аивгъуыд. А.х. Матросовы ахæстоны цур Мерабишвилийæн йæ размæ рацыдысты хæстæджытæ æмæ фарсхæцджытæ.