Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр æмæ мидхъуыддæгты раздæры министр, Вано Мерабишвили æфхæрдæххæстгæнæн уагдонæй рацыд. Мерабишвилийæн йæ æфхæрды æмгъуыд абон аивгъуыдис.
Æфхæрдæххæстгæнæн уагдоны цур йæ размæ рацыдысты. Бынатыл сты политиктæ дæр.
Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр æмæ мидхъуыддæгты раздæры министр, Вано Мерабишвилийы 2013 азы майы æрцахстой. Йæ ныхмæ иуæймаг тæрхондæттæ цалдæр зылынгæнæг тæрхонысукуыд рахастой, уый нымæцы Акурайы сæны заводы æнæзакъононæй байсты хъуыддаг – дыууæ аз æмæ æртæ мæй; Сандро Гиргвлианийы хъуыддагыл бæлвырдгæнæнты бамбæхсын – æртæ азы; 2011 азы 26-æм майы акцийы ныссæндын – цыппар аз æмæ æхсæз мæй; Къвариатийы ныдæнуаты æмæ æвзæрстгæнджыты балхæды хъуыддаг – фондз аз; Валери Гелашвилийы физикон бафхæрд – æхсæз аз æмæ фараст мæй.
Бафхæрд аныхъуырды принципæй, Вано Мерабишвилийæн æппынфæстаг бафхæрдæй, æхсæз аз æмæ фараст мæйæ ахст стæрхон кодтой.
Ныр Тæрхондоны йæ ныхмæ цæуы 7 ноябры акцийы ныссæндыны æмæ «Телеимедимæ» лæбурды хъуыддæгты каст, кæцыйыл йын бавдыст у аххосаг йæ æххæстбарты фегæр кæнын.