Вахтанг Махароблишвили – Гуырдзыстонæн Европаг перспективæ раттыны фæстæ фыццаг хатт цæуы Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы рабадт, кæцы уыдзæн сæрмагондæй нысаниуæгджын
Ай у фыццаг рабадт, кæцы цæуы Гуырдзыстонæн европаг перспективæ раттыны фæстæ; уымæ гæсгæ дæр, ацы рабадтæн æмæ ацы дискуссийæн уыдзæн сæрмагонд нысаниуæг æмæ ацы контексты ныхас уыдзæн къахдзæтыл ææ уыцы ахастытыл, кæцы ахсджиаг уыдзæн, цæмæй райрæза Гуырдзыстон-Евроцæдисы æхсæн, – уый фæдыл Бельгийы паддзахад æмæ Люксембургы стыр Герцогады Гуырдзыстоны минæвар, Евроцæдисимæ Гуырдзыстоны миссийы къухдариуæггæнæг Вахтанг Махароблишвили Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы рабадты тыххæй райхъусын кодта.
Махароблишвилийы дзырдæй, зæгъгæ уый у сегасдæр бæрзонд формат, кæцы бæлвырд у ассоциацидзинады бадзырдæй.
«Абон Брюсселы цæуы Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады советы рабадт. Уый у формат, кæцы у сегасдæр бæрзонд, кæцы бæлвырд у ассоциацидзинады бадзырдæй; уымæ æмбæлгæйæ дæр, Гуырдзыстоны делегацийæн къухдариуæг кæны Гуырдзыстоны премьер-министр. Рабадты фæлгæтты дыууæдæр фарсмæ уыдзæн фадат афæлгæсой æмæ фæныхас кæной Гуырдзыстон-Евроцæдисы æхсæн актуалон алы темæйы фæдыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныхас уыдзæн политикон даилогыл, уыцы динамикæйыл, кæцы ис Гуырдзыстон-Евроцæдисы æхсæн.
Визиты фæлгæтты премьер-министр афтæдæр ауадздзæн фембæлдтæ бæрзонддæр минвæрттимæ, Жозеп Борелимæ æмæ афтæдæр уыдзæн фембæлд ауæрæхы фарстаты еврокомиссар Оливер Вархейимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фембæлдтыл дæр уыдзæн ныхас уыцы ног фадæттыл æмæ перспективæтыл, кæцытæ фæзындис æмæ ноджы фидæны фæзындзæнис уыцы ног реалондзинадæй рацæугæйæ, кæцы хаст уыдис Гуырдзыстонæн перспективæ раттынæй», – райхъусын кодта Вахтанг Махароблишвили.