Вахтанг Махароблишвили – æмбæстæгты хай, кæцытæ хиæмбæхсæн агурæг сты, хъыгагæн кринималы æфтыд сты
Закъондæттæн идтыты сæххæсты процессы визалиберализацимæ гæсгæ, процедурæтæ хъуамæ фæарздæр уой бæрæг бæрцæй, фæлæ иурстæгонæй нæй гæнæн æмбстæгтæн арæнæвæрд цæуа æнæвизæ режимæй пайдакæнынад Шенгены Зонæйы. Уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министры хæдивæг Вахтанг Махароблишвили, кæцы хайад исы æнæвизæ змæлды фæдыл информацион кампанийы æртыккаг улæны презентацийы НАТО æмæ Евроцйæдисы информацион центры.
«Æртыккаг улæн уагъд уыдзæн хиæмбхсæны системæйæ æнæбындурон пайда кæныны контексты æрдæм. Цахæм зиан æрхæсдзæн цæрджытæн æмæ паддзахадæн. Уымæй уæлдай ма, криминал у ахæм темæ, кæцы сидтау ссис æмæ хиæмбæхсæн агуырдимæ фемдзыд ис. Æмбæстæгты хай, кæцы хиæмбæхсæн курынц, хъыгагæн ацы криминалы хайадисджытæ сты» – загъта Махароблишвили.
Министры хæдивæгы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад дарддæр кæны активон куыст партнертимæ, цæмæй Евроцæдисимæ æнæвизæ режимæн тас ма сырæза.