Мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаурийæн Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы иугонд Паддзахады денджызон тыхты нау «HMS DEFENDER»-ыл Гуырдзыстоны Британий ыминæвар Марк Клейтон æмæ науы сæргълууæг II рангы капитан, Винс Оуэн сфысым кодтой. Уый фæдыл информаци хъусын кæны МХМ.
Уагдоны хъусинагæй науы официалон туры хайад истой Гуырдзыстоны хъахъъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе, мидхъуыддæгты министрады денджызон пъæлицæйы хистæр, инæрал-майор Николоз Шарадзе, донбыл хъахъхъæды департаменты директор, фыццаг рангы капитан Рамаз Капанадзе æмæ Ачъарайы автономион республикæйы хицауады сæргълæууæг Торникэ Рижвадзе.
Винс Оуэн гуырдзиаг делегацийы уæнгтæн нау равдыста æмæ йæ техникон фæрæзты æмæ денджызон опреациты фæдыл деталон презентаци сарызта. Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы иугонд Паддзахады денджызон флоты уæлдæфæй иргъæвæг нырыккон типы куынæггæнæг «HMS DEFENDER» Гуырдзыстонмæ 26 ибны æрбален кодта. Науы визитæн й нысан у, хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады сферæйы Иугонд Паддзахады æмæ Гуырдзыстоны æхсæн архайæг æнгом æмгуыстады демонстраци.
Портмæ визиты фæлгæтты дыууæ бьæстæйы денджызон хайадты минæвæрттæ кæрæдзийæн фæлтæрддзинад фæхай кæныны нысанæн, информацион фембæлдтæ ауадздзысты. Афтæма Бритайнаг нау «HMS DEFENDER»-ы æмæ Гуырдзыстоны донбылхъахъхъæды науы хайадæй, Сау Денджызы иуæймаг денджызон ахуыр ацæудзæн, кæцы ахъаз уыдзæн экипажты æхсæн æмархайды фæхуыздæрæн æмæ донбылхъахъъæды фæрæзтæ стынг кæнынæн.