Мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури, дыккаг бон у Рачъайы, Они муниципалитеты ис.
МХ министрады пресс-куысты информацийæ, министр стихийы зонæйæ Мамисоны арæйнон сектормæ араст ис.
«Вахтанг Гомелаури Рачъайы арæйнон секторы уæвæг уавæримæ деталонæй æрзонгæ ис. Министр секторы кусæг арæнхъахъхъæнджытимæ фембæлдис, аныхас кодта семæ æмæ базыдта инфомаци арæйнон секторы уæвæг уавæры фæдыл.
Стихийы æхсæн Мамисоны секторы кусæг арæнхъахъхъæнджытæ аст адæймагы арæйнон сектормæ æдасæй акодтой æмæ сæ æдасдзинадæн архайдтой æнæхъæн æхсæвы дæргъы. Мамисоны арæйнон секторы министримæ иумæ, министр хæдивæг Иосеб Чъелидзе, æндæр æмæ æндæр хайадты къудриауæггæнæг уæнгтæ æмæ бынæттон хицауады минæвæрттæ уыдысты», – банысангонд у МХМ-ы информацийы.